Æрæджы, ноябры 27 боны газет «Рæстдзинад»-ы куы бакастæн Кокойты Таймуразы уацхъуыд: «Чъиритæ» нæ, фæлæ – «уæливыхтæ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ, уæд мæ зæрдæ хурварс абадт, мæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Зæгъын, кæдæй-уæдæй ма Хуыцауысконд, æцæг ирон лæджы мидисджын хъуыдытæ бакастæн. Æмæ Таймуразæн уый тыххæй стыр бузныг зæгъын. Уæлдай бузныг зæгъын, газет «Рæстдзинад»-ы коллективæн, ахæм царды хъæугæ, æвæджиау æрмæг мыхуыры кæй рауагътой, уый тыххæй.
Мах, «Аланты Ныхас»-ы Рахизфарсы районы хайады ирон æгъдæутты комитеты уæнгтæ, иу æмæ дыууæ хатты нæ фыстам дзырд «чъири»-йы тыххæй. Стæй, лæгæй-лæгмæ кæимæ фембæлæм, уыдонимæ дæр ныхас фæкæнæм нæ кувинæгтæ «чъиритæ» ма хонæм, фæлæ сын, фыдæлтæй цы ном баззад, «кæрдзынтæ», ахæм номæй сæ хонæм, фæлæ куыннæ стæй! Бирæтæ читт нæ кæнынц, къæрттæй цъула не ’ппарынц. Куыд дзырдтой «чъири», афтæ йæ абон дæр дарддæр хæццæ кæнынц. Æмæ иу бæллæх уый у, уыцы хистæртæ кæй рæдийынц, дыккаг бæллæх та уый мидæг ис, æмæ мæнæ куырд куырдыл куыд ахуыр кæны, афтæ кæстæртæ дæр хистæрты фæзмынц æмæ уыдон дæр галиу æгъдау æххæст кæнынц.
Ирон адæмы рагæйдæр уырны, дуне дзæгъæл кæй нæу, кæй йын ис, чи йæ сфæлдыста, уый – Иунæг Цытджын Стыр Хуыцау, стæй йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæ. Æмæ нæ цард иууылдæр уыдонæй аразгæ у. Уымæ гæсгæ сын табу кæнæм æртæ кæрдзыны æмæ æлутон бæгæныйæ. Уыцы æртæ кæрдзынæн нæ фыдæлтæ раттой Хур, Дон æмæ Зæххы нæмттæ. Уый хуымæтæджы афтæ нæу, уымæн æмæ нæдæр зайæгойтæн, нæдæр – цæрæгойтæн æнæ Хур, Дон æмæ Зæххæй фæцæрæн нæй.
Бирæтæ ацы кувинæгты кæрдзынтæ нæ хонынц, фæлæ «чъиритæ». Æмæ Таймураз уый тыххæй раст бахахх кодта, уый рæдыд хъуыды у, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ фыссы: гуырдзиаг æвзаг хорз чи зоны, уый дзырд «чъири» ратæлмац кæндзæн, куыд «емынæ», «сау мæлæт».
Æмæ ма, хорз адæм, алчидæр уæ арф ахъуыды кæнæд. Хистæр куы фæзæгъы, нæ «чъиритæ» барст уæнт Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæн, уæд сæм «емынæйæ» кувын, уый æлгъысты хуызæн нæ цæуы?! Мæнмæ гæсгæ, ам стыр зонды хицау нæ хъæуы, чысыл саби дæр æнцонтæй бамбардзæн, стыр рæдыд кæй у. Зæдтæ æмæ дауджытæн сæ хорзæхмæ нæ, фæлæ сæ фыдæхмæ кæй сидынц. Нæ фыдæлтæ, хæхбæсты цæргæйæ, хъæбæрхоры ссадæй (мæнæу хæхбæсты нæ зайы) кодтой кæр-
дзынтæ æмæ сæ фыхтой цæхæры. Æмæ уыцы кæрдзынтæй куывтой не Сфæлдисæг Стыр Хуыцау, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм. Стæй, рæстæг куыд цыд, афтæ ивта цардыуаг дæр. Æмæ кæрдзынтæ цæхæры нал фыхтой, фæлæ – пецы уæлкъæ-
йыл. Уæдмæ сæм фæзынд мæнæуы ссад дæр. Æмæ уыцы кæр-
дзынты хуылфы (сæ гахæты) æвæрын райдыдтой цыхт, цæхæрайы сыфтæ, скъуда. …Æмæ сæ афтæмæй уæлкъæйыл фыхтой æмæ уыцы кæрдзынты хонын райдыдтой уæливыхтæ. Гъемæ, нæ фынгтыл цыфæнды джынтæ куы уа, уæддæр кæрдзын у сæ «фыдæл», адон та – йæ «байзæддæгтæ», æмæ хъуамæ хæссой кæрдзыны ном, мæнæ нæ алчидæр йæ фыды ном куыд хæссы, афтæ.
Кæрдзыны тыххæй ирон адæммæ бирæ æмбисæндтæ ис, ранымайæм дзы иу цалдæры:
– Кæрдзын æмæ цæхх адæмы кæрæдзийыл бæттынц.
– Кæрдзын æмæ цæхх – тых.
– Кæрдзындæттæг æфстæуттæй цæры.
– Кæрдзын джебогъæй тыхджындæр у.
– Кæрдзын æмæ цæхх уыдзысты, мах – нал.
Стæй ирон хæдзармæ уазæг куы сæмбæлы, уæд ын фысымтæ фæзæгъынц: «Нæ цæхх, нæ кæрдзынæй нын саход». Æз зноны гаги нал дæн, къорд азтæ мыл рацыд. Ирон мад æмæ фыдæй райгуырдтæн, ирон бинонты ‘хсæн схъомыл, дæн, ирон хъæуы æрвыстон мæ сабийы бонтæ æмæ никуы фехъуыстон, уазæгæн исчи афтæ загъта, нæ цæхх, нæ чъиритæй нын саход, зæгъгæ. Стæй мæм æмбисæндты чингуытæ ис, æмæ уым дæр мæ цæст никуы æрхæцыд чъириты тыххæй иу æмбисондыл дæр. Æмæ уæд «чъири» цæмæн дзурынц иуæй-иутæ?! Уый Хуыцауы æваст ми нæу?! Кæд абон нæ ирон æгъдæутты тыххæй ныхас кæнæм, уæд ма зæгъдзынæн иу фиппинаджы тыххæй дæр. Арæх нæм Ныхасы комитетмæ раттынц фарстатæ. Цы амонынц ныхæстæ «нæфæтчиаг» æмæ «табуйаг»? Ацы фарстатæ сты вазыгджын, æмæ сын гæнæн æмæ амалæй, нæ зонындзинæдты къæбиц куыд амоны, уымæ гæсгæ раттæм ахæм дзуаппытæ. Фыццаг фарст: «Цы у нæфæтчиаг?»
Нæфæтчиагыл нымад сты, Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ дунейы фарны ныхмæ чи у, ахæм архайд, ахæм ми.
– Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм былалгъæй кувын, æвирхъау ми бакæнынæн сæм æххуысмæ сидын, цæстмæхъус митæ сын кæнын, кæнæ сæ æвзæр зæгъын, рафауын.
– Ирон адæмæн уаз чи у, æмæ, табу кæмæ кæнынц, уыдонæй мæнг ард бахæрын, кæнæ сæ ныхмæ цъыфкалæн митæ кæнын.
– Кувæндоны, дзуары бын мæнгард ныхас кæнын, чъизи дзыхæй дзурын, карз нозтæй бæрц нæ зонын.
– Дзуары бынæй исты радавын, дзаума, мысайнаг рахæссын.
– Хуыснæггаг, рынчын, хæдмæл фосы фыдæй кувын.
– Нывонд фосы æлгъитын, нæмын, баивын, уæй йæ акæнын.
– Хор, хойраг, урсаг æмæ фыдызгъæлæй «æвзæр», «нæ бæззы», «нæй», «нал и», зæгъын, къухы саггомæй йæ исын. Кусарт кæнгæйæ, цалынмæ сæр бæрзæйæ ахицæн уа, уæдмæ ныхас кæнын.
– Бынатыхицауы номыл сконд хæринæгтæй æддагонæн раттын.
– Маргъ æмæ бырынкъджыны фыдæй кувын.
– Хæдзармæ бацæугæйæ, кæнæ хæдзарæй рацæугæйæ, къæсæры сæрты къух исын – æгасцуай кæнын.
– Саударæг уæвгæйæ, хъæлдзæгдзинæдты архайын, кафын, зарын, карз нуæзт нуазын. Æмæ афтæ дарддæр.
Дыккаг фарст. «Цы у табуйаг?»
Табуйаг сты, фыццаджыдæр, Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ, стæй сæ номимæ цыдæриддæр баст ис, уыдон. Зæгъæм: бæрæгбæттæ, кувæндæттæ, кувинæгтæ, æртæ кæрдзыны, æлутон бæгæны, сæр, бæрзæй, уæн, базыг, физонæг æртæ фæрскæй, физонæг раззаг хуылфыдзаумæттæй конд (7 хайæ). Кувæндоны худ исын, сылгоймæгтæн æд кæлмæрзæнтæ цæуын кувæндонмæ. Æмæ афтæ дарддæр.
Бафиппайын хъæуы, уый дæр, æмæ литературæйы кæй ис ахæм дзырдтæ, кæцытæн ис æмхуызон нысаниуæг, æмæ уыдон хуыйнынц синонимтæ. Уыцы дзырдтæн ныхæй-ныхмæ цы дзырдтæ ис, уыдон та хуыйнынц антонимтæ. Ардыгæй фидарæй нæ бон хатдзæг скæнын у, нæфæтчиаг æмæ табуйаг антонимтæ кæй сты, кæрæдзийы
ныхæй-ныхмæ æвæрд кæй сты æмæ сын иумæйагæй кæй ницы ис.
ХÆМЫЦАТЫ Раман,
Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы
Рахизфарсы районы хайады ирон æгъдæутты комитеты
сæргълæууæг














