Цæгат Ирыстоны Прокуратурæ, Интернеты хызæджы архайдмæ цæстдарæн мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ, рабæрæг кодта, æнæниздзинады уавæры тыххæй медицинон гæххæттытæ балхæнæныны тыххæй хъусынгæнинæгтæ кæм уыд, ахæм 13 сайты.
Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаджы æнæниздзинады уавæры тыххæй мæнг гæххæттытæ уæй кæнын у æнæзакъон архайд, ахæм документтæй спайда кæныны фæлтæрæн йæ фæдыл расайы карздæр æгъдаухæлдтытæ дæр.
Рохгæнгæ хъуамæ ма уа, мæнг документтæ саразыны тыххæй æгъдаухалæг УФ-йы Уголовон кодексы 327-æм статьяйы уагæвæрды бындурыл карз æфхæрд кæй баййафдзæн, уый дæр.
Æппæт уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, Цæгат Ирыстоны Прокуратурæ федералон агентад «Роскомнадзор»-мæ балæвæрдта курдиат, цæмæй æнæзакъон архайдмæ бардарæг интернет-сайттæ æхгæд æрцæуой.
Уымæй уæлдай, сæрмагонд хъусынгæнинаг æрвыст æрцыд РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрадмæ дæр, цæмæй амынд сайттæ саразæг адæмы рабæрæг кæной æмæ сæ закъоны бындурыл бафхæрой.
РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ














