Æнафоны минæвар

0
127

Ирон æгъдæуттæн сæ рæсугъддæртæй иу у чындзæхсæвы æгъдау. Дыууæ уды сфæнд кодтой сæ цард баиу кæнын – цы ма уа уымæй рæсугъддæр! Лæппуйы мад æмæ фыдæн уый æхсызгон хабар уыд, фæлæ-иу фылдæр хатт сæ кæстæр йæхи æфсæрмхуызæй дардта. Йе ’мбæлттæй искæмæн хъуамæ загътаид, цæмæй йын йæ бинонтæн бамбарын кæна, минæвæрттæ кæй хæдзармæ арвитой.

Раджы заман, куыд зонæм, афтæ фылдæр хатт ныййарджытæ æвзæрстой се ’мсæр бинонтæй сæ фыртæн бинойнаг. Минæвар дæр-иу чызджы æвæндонæй дæр арвыстой. Стыр ирæдыл-иу куы бадзырдтой, уæд чызджы чи фарста? Уыд афтæ, æмæ-иу хъæумæ усгуртæ æрбацыд, фылдæр хатт чызджы амонгæ, нымудзгæ кодтой, фæлæ-иу хъазтизæрты дæр фæсивæдæн уыд фадат бынтон æргом нæ, фæлæ цæстæнгасæй кæрæдзийæн се ’нкъарæнтæ бамбарын кæнын. «Цы чызг фæндонæй фæцæуа, Уый мын фæрнджынæй фæрнджындæр…» –адæмон зарæджы куыд зарынц, ахæм амонд бирæтæм нæ хауд.

…Иу хæххон хъæумæ та усгур тынг кадджын лæппу æрбацыд Бестауты мыггагæй. Тедеты кæрты хъазт сарæзтой, фæлæ чызджытæн сæ кæстæр æмæ рæ-
сугъддæры бамбæхстой, дыууæ хистæр чызгæй уал иуы кæд равзарид усгур, зæгъгæ. Чызг сусæгæй кæрты рæбын стыр боцкъайы ныббырыд, хъазтмæ боцкъайы
хуынкъæй уæддæр бакæсон, зæгъгæ. Фæндырдзагъд куы стынг, уæд боцкъа йæ бынатæй фенкъуыст æмæ хъазты астæумæ æртылд. Боцкъайы мидæгæй Минæты рæсугъд куы рахызт, уæд усгуры зæрдæ атад, æмæ Минæт Бестауты чындз баци.

Æмæ ма иу дæнцæг. Ног Бæтæхъойыхъæуы Алыккаты дыууæ хойы Душа æмæ Машæ кадджын чызджытæ уыдысты. Уындæй дæр – тынг рæсугъд, уæлдайдæр та – Машæ. Бæрзонд, хæрзконд, фæсмын ми, хæ-
цъил дзабыртæ хуыйынмæ дæр тынг дæсны. Афтæ сæ раппæлыдысты Кæсæгæй æрбацæуæг усгур-уазджытæн дæр. Душа фидыд уыди Зæнджиаты мыггагимæ, æмæ усгуртæн хъуамæ Машæйы равдыстаиккой. Уыцы рæстæг Машæ уыди дæлæсыхы се ’рвадæлтæм, Куарæйæн хъæццултæ рæтауынмæ æххуыс кодта. Кæй йæм арвыстой, уыцы гыццыл чызгæн бафæдзæхстой: «Мацы схъæр кæн Машæйæн, æнæуый йын зæгъ, дзыцца дæм дзуры, зæгъгæ». Уый уæддæр, хабар куыд уыд, афтæ йæ радзырдта: «Далæ Алыккаты Мишаимæ Кæсæгæй усгур лæппу ныртæккæ сымахмæ æрбацæудзæн, æмæ дæ мад Аминæт афтæ, рæвдз, дам, Машæйæн зæгъ, æмæ нæхимæ рацæуа». Машæ дын рæвдз сæхимæ суад æмæ, дыууæ уаты ’хсæны дуары раз диваны фæстæ гауыз конд, рæвдз уырдæм ныггæпп кодта æмæ уым бамбæхст.

Йæ хæд фæстæ Миша дыууæ лæппуимæ уатмæ æрбахызт. Се ’рбацыды ’фсон Душаимæ, куыд дæсны хуыйæгимæ, «баныхас» кодтой, фæлæ Машæйы куы фениккой, уый сæ фæнды, æмæ нæй! Уæд Миша æмæ Душа Машæйы агурæг æддæмæ рауадысты. Уазæг лæппутæ сæхи бар уаты аззадысты æмæ усгур лæппу Машæйы хæцъил дзабыртæм диваны раз куы фæкомкоммæ уаид. Машæ асæй бæрзонд чызг уыд, гыццыл къах ын нæ уыд. Уымæй ма хæцъил дзабыртæ къуымбил цъындатимæ бæззой, зæгъгæ, уæ цæстытыл ауайæд, цæйас уыдаиккой. Усгуры дæр дисы куыд нæ бафтыдтой æмæ, дам, дзуры йе ’мбалмæ: «Йарæби, ус курыны мæт дæр мæ афтæ нал ис, фæлæ уæртæ уыцы дзабыртæ кæй къæхтыл вæййынц, уыцы чызджы цалынмæ фенон, уæдмæ ардыгæй никуыдæм цæуын». Машæ уыцы ныхæстæм хъæрæй ныххудт æмæ йе ’мбæхст ранæй рахызт.

Чызгыл, зæгъынц, дзурæгæй фылдæр цы вæййы. Раджы заман дам-иу нæ фыдæлтæ дзырдтой: «Чызджы йæ фыццаг дзурæгæн куы нæ раттай, уæд ын йæ амонд хæсгæ кæны». Цард афтæ у. Ныры чызджытæ сæхæдæг æвзарынц, сæ зæрдæйы фæндон чи у, уый, цардæмбалæн.

…Иу лæппу дын, йæ зæрдæмæ цы чызг цыди, уымæн, нымд кæнгæйæ, сфæрæзта: «Уæ хæдзармæ фæндаг агурын, æмæ мын цы дзуапп дæттыс?»

Разыйы дзуаппæн йæ фехъусын куыд æхсызгон у, йæ зæгъын дæр бæлвырд æнцондæр у: «Омæ нæм-иу бонæй рацу. Дæ къæхтæ къуыргæ талынджы цы цæуыс?» –хъазæн ныхасæй лæппуйы зæрдæ бафхæрдта хъал чызг.

 

ТАНДЕЛАТЫ Розæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here