РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй уыд Æнæнхъæлæджы уавæртæ ма ’руадзыны, алыхуызон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæнын æмæ зынгсирвæзтытæй æдасдзинады мадзæлттæ аразыны фарстаты фæдыл республикон къамисы æмбырд.
Æмбырды архайджытæ цы фарстатыл æрдзырдтой, уыдонæй сæйрагдæр уыдысты, зымæджы уавæрты архайгæйæ, туристон æмæ фæндаггон инфраструктурæйы объектты нывыл куыстæн хъæугæ фадæттæ аразын, ногазон бæрæгбæттæ æмæ уыдоны размæ дзыллон бынæтты зынгсирвæзтытæ æмæ æндæр æнæнхъæлæджы цаутæ ма ’руадзыны
мадзæлттæ.
Профилон ведомствæты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Арвыкомы фæндагæн, æмткæй райсгæйæ, зæйтæ рацæуынæй тæссаг нæу. Фæлæ зымæгон боныхъæд æвзæрырдæм куы фæивы (арæхдæр Гуырдзыстоны ’рдыгæй), уæд фæндаджы куыст иуцасдæр фæкъуыхцы вæййы, цæстдарæг службæтæ та архайын райдайынц сæрмагонд регламенты бындурыл.
УФ-йы Æнæнхъæлæ-джы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, амынд фæндагыл Дзæуджыхъæуæй Уæллаг Ларсы онг сарæзтой, бæлццон адæм бахъуа-джы сахат сæхи кæм батавой, ахæм 16 бындурон бынаты, уæззау транспортæн дæр дзы ис рæстæгмæ æрлæууæнтæ (сæ иумæйаг фæзуат у 1150 хæдтулгæйы фаг). Æппæт уыцы фарстатыл æнгом æмархайд кæнынц Цæгат Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æмарæн службæты специалисттæ.
Транскамы кой кæнгæйæ, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2024 азы ноябрæй 2025 азы апрелы онг фæндагыл рацыд 45 митзæйы. Зæйтæ рацæуынæй тæссаг уаццаг у 28 километры бæрц – Буронæй Ручъы тъунелы Цæгатаг порталы онг.
Сергей Меняйло цæстдарæг ведомствæты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй иудадзыгон бæстон цæстдард уа, зæйтæ рацæуынæй тæссаг кæм у, уыцы бынæттæм.
– Фæстаг азты бæрæггæнæнтæ æмæ абоны сæвзæргæ уавæр хынцгæйæ, раиртасут, нывыл фæндаггон змæлды æдасдзинадæн зæйтæ рацæуынæй уæлдай тæссагдæр кæм у, уыцы бынæттæ. Тыхджын митуарды рæстæг кæмдæрты, æвæццæгæн, бахъæудзæн зæйтæ сæрмагонд фæрæзты фæрцы рацæуын кæнын дæр, цæмæй бæлццæтты æдас-дзинад зæрдæхсайгæ ма уа. Сæрмагонд службæтæй курæг дæн, цæмæй æппæт уыцы æууæлтæм бæстон цæстдард уа, — бацамыдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.
Къамисы уæнгтæ æркастысты боны фæткы иннæ фарстатæм дæр, бæлвырд уынаффæтæ рахастой æмæ амынддзинæдтæ раттой бæрнон ведомствæты разамонджытæн.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














