Хæрзхъæддзинад раиртасынæн

0
105

Афæдзы дæргъы Цæгат Ирыстоны цы ног фæндæгтæ сарæзтой, кæнæ сцалцæг кодтой, уыдоны хæрзхъæддзинад ацы бонты бæрæг кæнынц сæрмагонд мæскуыйаг компанийы специалисттæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Фæндаггон хæдзарады комитеты пресс-службæ.

Комитеты минæвары ныхасмæ гæсгæ, ахæм цæстдарæн куыст баххæст кæныны тыххæй бадзырд бафыстæуыд экспертон организаци – æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «ДВ-Инжиниринг»-имæ.

Техникон хæслæвæрды куыд загъд ис, афтæмæй мæскуыйаг специалисттæ бæстон раиртасдзысты ног цалцæггонд, кæнæ арæзт регионалон æмæ æндæр нысаниуæджы фæндæгты технологон æнаипдзинад. Цæстдарæн архайд цæудзæн ахæм фæндæгтыл: «Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен 2», «Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæг», «Мæздæг – Чермен – Дзæуджыхъæу», «Дигора – Дур-Дур – Сырх Дыгур», стæй æндæр инфраструктурон объекттыл. Уыдоны нымæцы – курорт «Мамысон»-мæ бацæ-уæн фæндаг дæр. Æппæт уыцы фæндаггон объектты дæргъ у 50 километрæй фылдæр.

Инспекцион къорд сæрмагонд æргом аздахдзæн, ног цалцæггонд фæндæгтыл цы хидтæ ис, уыдоны техникон уавæрмæ. Сæ архайды сын æххуыс
уыдзæн, нырыккон технологон кусæнгæрзтæй ифтонг чи у, ахæм цæугæ лаборатори.

«Экспертон къорды куысты бæрæггæнæнты бындурыл хатдзæгтæ скæндзыстæм, подрядон организациты архайд цас æнаипп у, уымæн. Уыимæ, мæскуыйаг компанийы минæвæрттæ фæндаггон куыстыты хъуагдзинæдтæ куы раиртасой, уæд сæ подрядчиктæ сæхи хардзæй цыбыр рæс-тæгмæ хъуамæ аиуварс кæной. Компани «ДВ-Инжиниринг»-ы минæвæрттæ республикæйы кусдзысты 25 декабрмæ», – кæронбæттæны загъта комитеты минæвар.

Æмæ ма ахæм нымæцтæ. 2025 азы Цæгат Ирыстоны фæндæгты арæзтад æмæ цалцæджы куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты 14 объектыл. Ахæм архайдæн фадæттæ ис национ проект «Инфраструктурæ – цардæн»-ы фæлгæты.

 

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here