Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ æмæ иннæ специалисттæн ахуырадон семинарты регионалон проект.
Амынд проекты фæлгæты радон æмбырд арæзт æрцыд Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты фæзуаты. Семинар бацæттæ кодтой РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады специалисттæ.
Институты конференц-залмæ æрбамбырд сты алы республикон министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ. Уыдонæй алкæмæндæр фадат уыд йæ куысты фæлтæрддзинадæй æмбырды архайджытæн фæхай кæнынæн, тыхстаг фарстатæ рæгъмæ рахæссын æмæ сæ алыг кæныныл иумæйаг уынаффæйæ бацархайынæн.
Цæгат Ирыстоны æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим сарæзта презентаци ведомствæйы архайды тыххæй. Министр куыд ра-
дзырдта, афтæмæй амынд республикон структурæ бæрнон хæстæ æххæст кæны æрдзон фæрæзтæ хъахъхъæнын æмæ сæ хæдзардзинæй пайда кæныны хъуыддаджы. Министрады бæрны ис фыццаградон национ проект «Экологон фæрныгад»-ы уагæвæрдтыл куыст дæр. Æмбырды архайджыты раз докладтимæ раныхас кодтой министрады иннæ минæвæрттæ дæр…
Ахæм фембæлдтыты фæрцы хицаудзинады оргæнты минæвæртты ’хсæн æмархайд, æнæмæнг, æнгомдæр кæны, разамонджытæ æмæ иннæ специалистты профессион дæсныдзинадыл дæр хорзæрдæм ахадынц ахæм семинартæ.
Ахуырадон проект «Управленческие практики органов исполнительной власти» æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæйæ, комкоммæ цæстдарæг та йæм у РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты
Ибрагим.
Дмитрий АСТАХОВ














