Кусæг балц – Мæздæджы районмæ

0
56

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы разамындæй ведомствæйы бæрнон кусджыты къорд балцы уыд Мæздæджы районы. Министрады минæвæрттæн пайдайаг фембæлдтытæ уыд бынæттон ахуырадон кусæндæттæ æмæ районы администрацийы.

«Министрады хайæдты сæргълæуджытæ – Фардзинты Мæдинæ æмæ Дзлиаты Альбинæимæ, ахуырадон центр «Вершина»-йы разамонæг Уæрдæсауты Зæлинæ æмæ Цæгат Ирыстоны Ахуырады кусджыты профессион дæсныдзинад бæрзонддæр кæныны институты проректор Джиоты Лейлæимæ бабæрæг кодтам районы рæвдауæндæттæ, скъолатæ æмæ иннæ ахуырадон кусæндæттæ. Скъолаты разамонджытæ æмæ специалисттимæ бæстон æрдзырдтам Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæныны, æппæтуæрæсеон æмæ регионалон ахуырадон олимпиадæты архайыны, курдиатджын сывæллæттæн уæлæмхасæн зонындзинæдтæ дæттыны, педагогты дæсныдзинад хъомысджындæр кæнын æмæ æндæр ахæм фарс-
татыл», – балцы фæстæ радзырдта Алыбегты Эллæ.

Министрады бæрнон кусджытæ Черноярскы станицæйы скъолайы базонгæ сты ахуырадон центр «Рæзты тæлм»-ы куыстимæ, Мæздæджы коррекцион интернаты та сын равдыстой, се ‘нæниздзинад цауд кæмæн у, уыцы сывæллæтты ахуырад æмæ цардæн дзы цы уавæртæ ис, уыдон. Ахæм фæткы бындурыл рауадысты иннæ фембæлдтытæ дæр.

Алыбегты Эллæ æмæ министрады иннæ минæвæрттæн балцы кæронбæттæны фембæлд уыд Мæздæджы районы сæргълæууæг Гутнаты Геннадиимæ. Уыцы фембæлды министрады бæрнон кусджытæ хатдзæгтæ скодтой сæ балцæн, стæй фæбæрæг кодтой районы ахуырады къабазы дарддæры райрæзты фæндæгтæ.

 

Калманты Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here