Знон Уæрæсейы Президент Владимир ПУТИНÆН Ног азы къæсæрыл уыд традицион фембæлд бæстæйы граждæнтæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ. Ныр цалдæр азы ацы фембæлд арæзт цæуы ног фæткы бындурыл, ома, иу фæзуатыл баиу кодтой комкоммæ бастдзинады лини æмæ стыр пресс-конференци. Формат рауад ахæм: «Азы кæрæнбæттæн хатдзæгтæ Владимир Путинимæ». Программæ райдыдта 12 сахатыл. Алы хатт куыд вæййы, афтæ ныр дæр Гостийный Двормæ æрæмбырд сты сæдæгай уацхæсджытæ, семæ ТАСС-ы минæвæрттæ дæр, афтæмæй. Фæсарæнтæй æрбацæуæг уазджытæ дæр сæ бынат ссардтой ацы фембæлды. Дыууæ къуыримæ Президенты номыл æрбацыд 2 милуан фарст æмæ курдиатæй фылдæр. Уæлдай æргом пресс-конференцимæ аздæхтой æрыгæттæ æмæ сывæллæттæ. Нырмæ дæр фарстатыл куыст райдыдта – министрадтæй алчидæр бавнæлдта йæ комкоммæ фарстатæ æвзарынмæ. Кремль куыд хъусын кæны, афтæмæй фарстытæ фылдæр сты социалон ахадындзинадимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонты риссагдæр хъуыддæгтимæ баст. 2001 азæй конд æрцыд 18 комкоммæ бастдзинады хицæн линийы æмæ 16 стыр пресс-конференцийы. Телеуынынады комкоммæ эфиры Владимир Путин дзуаппытæ радта бирæ алыхуызон фарстытæ æмæ курдиæттæн. Дæлдæр мыхуыр кæнæм цыбыр афæлгæст, рæгъмæ цы фарстатæ рахастæуыд, уыдоныл.
Бæстæйы мидæггаг æмæ æддагон политикæ
Нæ бæстæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейæн æнæ хæдбардзинадæй фидæн нæй, æнæ уымæй фесæфдзæн.
Уымæ гæсгæ хъуамæ хæдбардзинад фидардæргæнгæ цæуа, фæлæ уым бирæ цавæрдæр нысантæ æмбæхст ис, ома, хъуамæ бæстæхъахъхъæнынад уа фидар, æддагон æдасдзинад, æхсæнадон хæдбардзинад. Комкоммæ алы адæймаджы бартæ, сæрибартæ, нæ политикон системæйы, парламентаризмы рæзт. Уымæй рахизгæйæ, экономикæйы къабазы æдасдзинад æмæ хæдбардзинад æмæ технологон хæдбардзинад. Уыдæттæ сты æппæты ахсджиагдæр. Нæ бæстæ æнæ уыдæттæй нæ фæцæрдзæн. Финансон-экономикон, экономикон-технологон хæдбардзинад у алы бæстæйы фидæн дæр. Æмæ Уæрæсейы дæр!
Уæрæсейы экономикæ ныртæккæ йæхи æвзæр не ‘нкъары, йæ бон размæ цæуын уæндонæй у. Йæ фидардзинад æнцой кæны цалдæр цæджындзыл: уыдон сты уæрæсейаг æхсæнады иудзинад, финансон-экономикон хызы рæзт, бæстæйы тыхы ведомствæты хъомыс. Владимир Путины ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ иумæйаг мидбæстон продукты рæзт азы кæронмæ уыдзæн 3,5 проценты. Ома, дæлæмæ хауыны уавæрæй рахызтыстæм, размæ ракъахдзæф кодтам. О, æцæгдæр, инфляци рæзы, азы кæронмæ уыдзæн 8 проценты бæрц. Фæлæ Уæрæсейы Хицауад, Центрон банк æмбæлгæ мадзæлттæ аразынц. Рахызтыстæм нысанмæарæзт бæрæггæнæнтæм.
Промышленнон кондады рæзт рауад 3,6 проценты, йæхиуыл схæцыд хомагкуыстгæнæг куыстад – 7,5 проценты. Ахæм бæрæггæнæн нæм рагæй нæ уыд. Сæйраг капиталмæ инвестицитæ æрбафтыд 10 проценты, уый нын нæ зæрдæ рухс кæны. Афтæмæй бæстæ рæздзæн, æхца æвæрд цæудзæн æцæг хъуыддæгты, кондад размæ цæудзæн, фæзындзысты ног куысты бынæттæ.
Куыстуæтты æфтиæгтæ рауайдзысты 24 процентæй фылдæр, банктæ бакусдзысты 3 триллион сомы бæрц. Ома, сæ фидардзинад бацамондзысты. Æцæг мыздыл бафтдзæн.
Æгуыстдзинады æмвæзад фæныллæгдæр – ссис 2,9 проценты. Уæдæ мызды æппынкъаддæры бæрцыл уыцы-иу рæстæг 18 прценты кæй бафтдзæн, уый дæр уыдæттыл дзурæг у. Паддзахадон хæс зынгæ фæкъаддæр – 46 миллиад доллæрæй 32 миллиард доллæрмæ. Æддагон хæс дæр афтæ къаддæргæнгæ цæуы. Ам сæйрагдæр цы у? Уæрæсейы Президенты ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы цæрджыты карыл бафтыд, социалон политикæйы ахадындзинад фæбæрæг цардыл.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй
Владимир Путин куыд радзырдта, афтæмæй сабырдзинад ралæудзæн, æмхуызонæй нæ нысантæ куы сæххæст кæнæм, уæд.
Мах сæ зонæм: Украинæйы нацизмы æууæлтæ фесафын, демилитаризаци, Украинæйы нейтралон уавæр. Президент куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Украинæ нæ сæтты, ома, фашизмæн йæ кой дæр нæй, уæдæ цымæ уæд Бандерæйы национ хъайтары бынатмæ цæмæн систой? Кæнæ ныртæккæ киеваг админис-
трацийы размонæг Холокосты архайæгæн æмдзæгъд цæмæн кæны? Чи амардта милуангай дзуттæгты, уырыссæгты, полякты? Уымæн æмдзæгъ фæкæнынц, æмæ уæд уый нацизм нæу?
Демилитаризацийыл дæр нæ разы кæнынц, уæд мах дæр бахъæуы æндæр хуызы дзурын, ома, хæстон æвзагæй. Украинæ йæхæдæг ницыуал уадзы, аразы, Ны-
гуылæн сын ратта танктæ, фæлæ мах размæ абырсты рæстæг ныппырх кодтам 747 танчы, 2300 бронемашинæйы. Демилитаризацийы тыххæй хъуамæ баныхас кæнæм кæнæ фарстатæ тыхы хуызы лыггонд цæудзысты.
Ныртæккæ нæ бæстæйы скодтой хайгай мобилизаци, фæсидтыстæм 300 мин адæймагмæ. Уыдон тынг хорз хæцынц, се ‘хсæн ис 14 Уæрæсейы Хъæбатыры, майдантæ æмæ орденты кой нæ кæндзыстæм. Ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты сты 244 мин архайæджы, техникæйæн лæггадгæнджыты полкътæ фидаргонд цæуынц. Хорз специалисттæ дзы ис, нырмæ уыцы бынæттæй суæгъд кодтой 41 мин адæймаджы се ‘нæниздзинад æмæ кармæ гæсгæ. Барвæндонæй кæй фæнды ацæуын, уыдонимæ дæр кусæм, азы кæронмæ хъуамæ 400 мин адæймаджы райсæм сæрмагонд æфсæддон операцимæ. Иумæйаг мобилизаци нæ нæ хъæуы.
Уæрæсейы ног регионты фидæн
Уæрæсейы Президенты ныхасмæ гæсгæ, ног регионтæ куыд
хъуамæ рæзой, цæрой, уый тыххæй бирæ фарстатæ æрбарвыстой.
Алы аз дæр федералон бюджеты æвæрд æрцæуы триллион сомæй фылдæр ног регионты рæзтæн, сабыргай цæмæй уæрæсейаг экономикæмæ, социалон къабазмæ бахизой, уый тыххæй. Триллион алы аз дæр сæвæрæм, афтæ уыдзæн дарддæр дæр. Уæдæ Уæрæсейы Федерацийы иннæ регионтæ дæр ног скондтæм се ‘ргом хорз аздæхтой. Нырмæ уал сæ райрæзты бавæрдтой 100-150 миллиард сомы бæрц, дарддæр хъавынц 100 миллиард сомы радих кæнын. Президент куыд бафиппайдта, афтæмæй нырмæ ног регионтæ бюджетмæ хъалонтæ бафыстой 170 миллиард сомы. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ экономикæ йæхиуыл схæцыд, ис ма сæм бирæ фарстатæ, фæлæ лыггонд цæудзысты.
Сывæллонджын бинонтæн – уæлæмхасæн æххуыс
«2026 азы 1 январæй фæстæмæ Уæрæсейы сæ тыхы бацæу-
дзысты сывæллонджын бинонтæн паддзахадон æххуысы уæлæмхасæн мадзæлттæ», – пресс-конференцийы архайджытæй иуы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, загъта Владимир Путин.
Президенты ныхасмæ гæсгæ, сæ æфтиæгтæ кадавар кæмæн сты, уыцы бинонтæн паддзахад фæстæмæ здахдзæн, хъалон НДФЛ-ы хуызы цы фиддонтæ кæнынц, уыдонæн се ‘мбисы бæрц. Уымæй уæлдай, цыбыркъух бинонтæн нысангонд цæудзысты уæлæмхасæн финансон æххуысы мадзæлттæ дæр.
Владимир Путин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сывæллонджын бинонтæн æххуысы системæ кæд бирæкъабазджын у, уæддæр дарддæр архайд цæудзæн йæ фæхъомысджындæр кæныныл. «Хицаудзинады федералон оргæнты æмвæзадыл, стæй регионты цæстдардæй дæр хъуамæ æппæтвæрсыг аудынад сæхиуыл æнкъарой сывæллонджын бинонтæ», – загъта Президент.
Бæстæйы разамонæг профилон федералон ведомствæты разамонджытæн бафæдзæхста, цæмæй сывæллонджын бинонтæн дарддæр дæр уа льготон ипотекæйæ спайда кæныны фадат. Уымæй уæлдай, бæрнон кусджытæн амынд æрцыд, цæмæй, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фиддонтыл бинонты æфтиæгты 22 процентæй фылдæр чи фиды, уыцы сывæллонджын бинонтæн нысангонд цæуой финансон льготæтæ. «Бинонты фæрныгад æмæ демографийы хъуыддæгты бирæ аразгæ у царды зæрдæзæгъгæ уавæртæй», – бафиппайдта Владимир Путин.
Цæстфæливæн фыдракæндтимæ тох
Журналисттæй иу рæгъмæ рахаста, цæстфæливджытæ, телефонтæй бадзургæйæ, бирæ адæмы æхца кæй ныкъуыввитт кодтой, уыцы тыхстаг фарста: «Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ ахæм фыдракæндтимæ тохы цы мадзæлттæ аразынц? Цæстфæливджыты ахæсты чи бахауд, уыцы адæмы нымæц къаддæр кæны?»
Æнæмæнг, Мидхъуыддæгты министрад æмæ иннæ барадхъахъхъæнæг оргæнтæ бæлвырд мадзæлттæ аразынц цæстфæливджытимæ тохы хъуыддаджы. Фæстаг бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй ахæм фыдракæндты нымæц 7 проценты бæрц фæкъаддæр, ахæм цæстфæливæн архайдæй цы финансон зиантæ рачындæуыд, уый та – 33 проценты къаддæр. Ома, куыд уынæм, афтæмæй уавæр иуцасдæр хуыздæрырдæм фæивта.
Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы, цæстфæливджытæ уæддæр сæ кæнон нæ уадзынц. Иу хъуыддаг у семæ барадон системæйы тох. Иннæ та – адæм дæр сæ зæрдыл хъуамæ дарой ахæм цæстфæливæн цаутæ æмæ уой къæрцхъус. Зæгъæм, телефонæй уæм æнæзонгæ адæймаг куы æрбадзура æмæ уын уæ банчы хыгъд кæнæ æндæр исбонады кой куы райдайа, уæд телефон уайтагъддæр ахицæн кæнут. Ахæм фарстатыл телефонæй дзурын нæдæр хъæуы.
Банктимæ æмархайд дæр – афтæ. Алчидæр нæ йæ хъуыддæгты фæдыл банкты къæсæрæй бахизы. Æмæ уым алкæддæр комкоммæ ныхасы фæрцы æппæт фарстатæ дæр алыг кæнæм, кæй зонæм, банчы уыцы кусджытимæ.
Президент Владимир Путины пресс-конференци цы дзæвгар рæстæг ахаста, уый дæргъы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ æмæ регионты цæрджытæн уыд бирæ æндæр фарстытæ раттыны фадат.














