РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы æстæм æрсидты фыццаг пленарон æмбырды архайдта нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый арфæ ракодта палатæйы ног сконды уæнгтæн æмæ сын бафæдзæхста рæзгæ фæлтæры хъомылады фарстатæм фылдæр цæст дарын. Республикæйы разамонæг бæрзонд бæрæггæнæнтæй бафиппайдта Æхсæнадон палатæйы архайд социалон-экономикон æмæ граждайнаг æхсæнады фарстаты.
– Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæ 20 азы архайы æхсæнад æмæ хицауиуæггæнæг оргæнты ‘хсæн æнгом баст-дзинад дарыныл. Æмæ азæй-азмæ тыхджындæр кæны политикæйы йæ æхсæнадон ахадындзинады хъомыс. У граждайнаг æхсæнады вазыгджындæр институттæй иу, йæ ахъаззаджы куыст та – нæ регионы фидар рæзты бындур. Ахсджиаг хъуыддаг ма у, палатæйы алы уæнг дæр æхсæнады фæндтæ æмæ хъæппæристы фарс куыд хæца, уый дæр. Фылдæр æргом аздахын хъæуы æрыгон фæлтæры хъомыладмæ. Нæ республикæ бирæ конфесситæ æмæ динты фæз у, ацы ран биноныг кæсын хъæуы, цы ми кæнынц æрыгæттæ, кæимæ дарынц бастдзинад, цы фæндтæ, цы хъуыдытæ сæм ис, уыцы фарстатæм. Мах куы нæ кæнæм ацы куыст, уæд æй кæндзæн æндæр чидæр. Экстремизмы ныхмæ профилактикон куыст æмæ патриотизмы хъомылад, национ нывыл ахастдзинæдтæ сты æппæты сæйрагдæр фарстатæ, æмæ сæм бæрнонæй хъæуы иудадзыг кæсын, – загъта Сергей Меняйло. Респуб-ликæйы Сæргълæууæг æнæрхъуыдыйæ нæ ныу-уагъта национ традицитæ æмæ хæзнатæ бахъахъхъæныны фарста дæр.
Æхсæнадон палатæйы фыццаг æмбырды æвзæрст æрцыд сæрдар. Уыцы бынаты хæстæ дарддæр дæр æххæст кæндзæн РЦИ-Аланийы сгуыхт экономист, историктæ-архивистты Уæрæсейаг æхсæнады регионалон хайады уæнг Нинæ Чиплакова. Сергей Меняйло йæ схорзæхджын кодта Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы майдан «За заслуги перед обществом»-æй. Нинæ Чиплакова æмбырды архайджыты, арфæ сын ракæнгæйæ, базонгæ кодта фидæны æртæ азы куысты пъланты фæдыл бæрæг бæлвырд нысантимæ.
– Куыд раздæр, афтæ ныр дæр нæ архайд граждайнаг æхсæнадимæ æххæст кæндзыстæм закъоны бындурыл æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ. Вазыгджыныл нымайын нæ куысты сæйрагдæр хъуыддæгтæм бахæссын, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн медицинон, юристон æмæ психологон æххуыс бакæнын, уымæй уæлдай, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ахуырады системæты модернизацийы, туризмы рæзт, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады сæрæнæй архайын, æрыгон бинонтæн æххуыс кæнын, фæсивæды ног проекттæ æмæ фæндтæм фылдæр æргом здахын, – загъта Нинæ Чиплакова.
Саутæты Тамилæ, къам систа
Татьянæ Шеходанова














