Зæрдæ риссы…

0
106

Цæгат Ирыстоны экскурсоводтæ æмæ гидтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фæхæццæ кодтой сæ курдиат республикæйы Хицауадмæ, цæмæй æвæстиатæй хъахъхъæд æрцæуой нæ историон цыртдзæвæнтæ. Уавæр æцæгæйдæр куыд у, уый тыххæй журналисттимæ фембæлды рæстæг радзырдта Федералон бюджетон куыстуат «Заповедная Осетия-Алания»-йы директоры хæдивæг наукæйы фарстатыл Константин Попов.

Йæ разныхасы куыд загъта, афтæмæй бирæ азты кæны зонадон-иртасæн куыст. Нæ фыдæлты историон-культурон бынтæ бахъахъхъæныны фарста ахсджиаг уыд советон рæстæг дæр. Фаг æргом æм кæй нæ аздæхтой, уый тыххæй абон æнæхай фестæм, зæгъæм, Тæтæртуппы минаретæй. Чи зоны, йæ уавæр сбæлвырд кæнынæн, бындурон рацарæзты, æппынфæстаг, консервацийæн æхцайы фæрæзтæ нæ уыд.

– Ныртæккæ нæ республикæйы, стæй Цæгат Кавказы ис иу минæй фылдæр регионалон, кæнæ, федералон нысаниуæг кæмæн ис æмæ сæ уавæр тæссаг кæмæн у, ахæм историон цыртдзæвæнтæ. Цæмæй сæ бынтон ма фесафæм, уый тыххæй ссарын хъæуы фæрæзтæ. Зæгъæм, 16 æнусы арæзт Къасарайы фидары къулæй ма баззад æрмæст иу гæбаз. Ахæм историон бынтæ дисы æфтауынц туристты. Тынг рагон арæзтадæн йæ равзæрд сбæлвырд кодтой Мæскуыйы паддзахадон университеты лабораторийы. Хæххон Ирыстоны ацы цыртдзæвæнæн æмбал нæй. Йæ заманы йæ арæзтой кæнæ араббæгтæ, кæнæ персайнæгтæ. Бынæттон цæрджытæ дæр, ацы дурты рæзты цæугæйæ, цæмæй зыдтой сæ равзæрд. Рæстæгимæ къул хæлдис, уæлдай хъыгдард та баййæфта, Транскавказы магистраль куы арæзтой, уæд. Æнæмæнг æй хъæуы бахъахъхъæнын. Куырттаты, Уæлладжыры, Дыгургомы – Ирыстоны кæмтты цыфæнды хохаг хъæумæ бацу æмæ дзы æнæмæнг фендзынæ дурæй конд рагон цыртытæ. Хъыгагæн, иууылдæр сты кæлæддзаг уавæры. Историон-культурон бынтæ сты ирон адæмы истори, æмæ сæ æвæстиатæй бахъахъхъæнæм. Стыр ахадындзинад сын ис туризмы къабазы райрæзтæн. Астæуккаг æнусты арæзт зæппæдзтæ, Кавказы мæсгуытæ стыр цымыдисы æфтауынц уазджыты. Сæрмагондæй цæстдарæн куыст кæнынц Паддзахадон университеты цур Истори æмæ археологийы институт, Цæгат Ирыстоны историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны комитет, æндæр ведомствæтæ. Уыцы куысты фæрцы бирæ хæзнатæ регистрацигонд æрцыдысты. Кæд ацы фарстайыл рагæй цæуы ныхас, уæд абон та уæлдай скарз ис. Мæт æмæ сагъæсы бацыдысты бынæттон цæрджытæ дæр. Иууылдæр иумæ хъуамæ бакусæм ацы фарстайыл. Ныппырх уыдзысты цыртдзæвæнтæ, æмæ, цы равдисæм, уый дæр нæм нал уыдзæнис, – зæгъы Константин Попов.

Журналистты фæрстытæн дзуапп дæтгæйæ, фæбæрæг кодта, бирæ объектты цур информацион фæйнæджытæ дæр кæй нæй. Афтæмæй та æхсызгонæй хъæуынц, цæмæй сыл фыст уа рагон культурон объектты истори, стæй, хи куыд дарын хъæуы, уый. Дæсны экскурсовод æмæ ахуыргонд загъта, республикæйы уазджытæ уæлдай узæлгæйæ æмæ дисгæнгæйæ кæй сæмбæлынц нæ культурон-историон бынтыл.

Экскурсоводты æмæ гидты ассоциаци та ногæй рæгъмæ рахаста ацы фарста, фыстæджытæ арвыстой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар æмæ нæ республикæйы Культурон бынты цырт-дзæвæнтæ бахъахъхъæныны комитетмæ. Йæ сæрдар Гæлуаты Ацæмæзы ныхасмæ гæсгæ, комитетæн æмгуыстад ис Уæрæсейы культурæйы
министрадимæ, наукон-проектон документаци бацæттæ кæнынæн фæрæзтæ райсынæн, цæмæй нæ республикæ хаст æрцæуа федералон программæмæ.

Уыцы бон ма журналисттæ фембæлдысты экономикон рæзты министры хæдивæг Хлойты Тамерланимæ. Йæ цыбыр раныхасы загъта, министрад куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсы уавæрмæ, уый тыххæй.

– Цæмæй куыст фæрæвдздæр уа, æмæ нæ рагфыдæлты культурон бынтæ бахъахъхъæнæм, уый тыххæй алцыдæр кæндзыстæм. Информацион фæйнæджытæ æвæрд æрцæудзысты арт-объектты цур. Туризмы рæзты фонд уыцы хъуыддаг йæхимæ райста. Уыдзæн сыл кодтæ дæр, цæмæй, Интернетмæ бацæугæйæ, бæлвырддæр базонæн уа йæ истори аудиогиды æххуысæй, – загъта Хлойты Тамерлан.

Цæгæраты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here