Фонды сæйрагдæр хæстæй иу

0
89

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн куысты бынæттæ агурыны хъуыддаг «Фыдыбæс-тæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонд нымайы  йæ сæйрагдæр хæстæй иуыл. Нырмæ дæр фондмæ ахæм курдиæттимæ æрбацыд 14 мин ветераны, уыдонимæ 4300 сты Уæрæсейы Хъæбатыртæ. Хатдзæгтæм гæсгæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæй куыст ссардтой 65 процентæн.

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы уæрæсейаг фонды сæрдар Аннæ Цивилева куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нæ хъæбатырты фæнды сæрæн цард кæнын, æхсæнадæн пайда хæссын. «Сæ бинонтæн, сæ хиуæттæн хъуамæ æххуыс кæной, уымæ гæсгæ сын куыст раттыныл архайæм. Фонды ахсджиагдæр хæстæй иу у ветерантæн куысты бынæттæ агурын. Бæстæйы куыстдæтджытимæ нæ архайд цæуы, фонды хайæдтæ дæр регионалон куыстдæтджытимæ разыйы гæххæттытæ бафыстой. Уæлдай æргом здахæм сахъат ветерантæм – уыдонæн аразæм сæрмагонд проекттæ», – загъта фонды сæрдар.

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды цæгатирыстойнаг хайады фæрцы уал сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæй 18-æн ссардтой куысты бынæттæ. Кæд  дзы 10 адæймаджы æнæниздзинады цыбыргонд авналæнтимæ сты, уæддæр хайады социалон координаторты фæрцы куыст ссардтой. Нырмæ уал уыцы фарстайы тыххæй консультацитæ скодтой 88 адæймагæн, 21 ветераны фесты курсытæ кæнæ бацыдысты уæлдæр ахуыргæнæндонмæ.

Цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Хетæгкаты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй куысты бынæттæ ссарыны тыххæй сын æмгуыстад ис  ведомствæты ‘хсæн къамисимæ. Нырмæ уал егъаудæр куыстдæтджытимæ сарæзтой цыппар бадзырды. «Уæгъд куысты бынæттæ зонæм, иннæ аз  хъæууонхæдзарадон амалхъомтимæ скæндзыстæм фылдæр бадзырдтæ. Авд ветераны куысты бынæттæ ссардтой фонды, сæхæдæг сты социалон координатортæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæнынц. Куыст цæуы», – загъта Хетæгкаты Маринæ.

Фонд архайы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куысты бынæттæ ссарыныл, уыимæ, фæзонынц ветераны домæнтæ дæр. Сæ иу у
хæстон цауты архайæг Рашат Садыков, уый уыд Уæрæсейы Гвардийы артиллерион хæцæнгæрзты специалист. Йæ низмæ гæсгæ йæ æфсадæй суæгъд кодтой. Ныр йæ хъысмæтмæ бар дары фонд. Ардæм æрбацыд æххуысагур, федералон фиддон райсыны æвзары тыхстдзинæдтæ.

Рашат Садыков куыд радзырдта, афтæмæй йын социалон координатор бацамыдта, цæмæй рады слæууа Адæмæн куысты бынæттæ дæттыны комитеты, уымæй уæлдай, йæ цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæна. «Сразы дæн æмæ ахуыры фæстæ кусынмæ бацæу-дзынæн Ахуырад æмæ наукæйы министрадмæ техникпрограммистæй», – загъта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here