Сæйрагдæр – Ног азы бæрæгбæтты æдасдзинады  мадзæлттæ

0
70

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъурион аппаратон æмбырд амыдта  республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, афтæмæй дзы ныхас рауад Ног азы бæрæгбæтты скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты æдасдзинады мадзæлтты тыххæй. Архайдтой дзы Хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствæты, районты разамонджытæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ раныхасы фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. 15 декабрæй 22 декабрмæ республикæйы æрцыд 8 зынгсирвæзты. Хъыгагæн дзы иу адæймаг  фæмард. 16 декабры Кировы районы æрцыд, йæ магнитудæ 3,8 кæмæн уыд, ахæм зæххæнкъуыст. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Транспорты æппæт хуызтæн дæр фадат ис Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтыл ацæуынæн. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 2000 транзитон уæзласæн машинæйы, 2065 та – электрон рады. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 17808 автотранспортон иуæджы æмæ 37400 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 153 фыдракæнды, уыдонæй раргом кæнын бантыст 84. Абон Дзæуджыхъæуы цалдæр ахуыргæнæндонмæ бадзырдтой, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ. Мидхъуыддæгты кусджытæ сбæрæг кодтой, мæнг цау фехъусынгæнджытæй иу кæй разынд, 18 азы кæуыл нæма цæуы, нæ рес-
публикæйы ахæм цæрæг. Дарддæр цæуынц слестгæнæн куыстытæ.

Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, ног азæй фæстæмæ æппæт ахуыргæнæн уагдæтты дæр сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн фæзындзæн ног кусæн бынæттæ – разамонæджы уынаффæгæнæг. Уыдон дзуапп дæтдзысты студенттæ æмæ скъоладзауты патриотон хъомыладæн.

«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ОРВИ æмæ гриппæй рынчынты нымæц алы кары адæмы ’хсæн дæр у бæрзонд, Сæ 70 проценты сты сывæллæттæ. Ивгъуыд къуырийы дæргъы коронавирус сбæрæг кодтой 20 адæймагмæ.

Сергей Меняйло республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта, Ног азы бæрæгбæтты рæстæг медицинон уагдæттæ, рынчындæттæ æмæ поликлиникæтæ æнæкъуыхцыйæ куыд кусой, уый.

Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ æмбырды фехъусын кодта, Дзæуджыхъæуы 11 скъолайы æмæ 21 рæвдауæндоны карантины аххосæй æхгæд кæй æрцыдысты. Йæ ныхасмæ гæсгæ, рынчын сывæллæтты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Министр ма фæбæрæг кодта, Цæгат Ирыстонæй 22 ахуырдзауы Мæскуымæ Кремлы Наз бæласы бæрæгбонмæ кæй ацæудзысты, уый. Сæ æдасдзинадмæ сын пъæлицæйы кусджытæ кæсдзысты.

Республикæйы Сæргълæууæг транспорты комитеты сæрдар Солиты Тариелæн бафæдзæхста фæндæгты уавæрмæ фылдæр æргом аздахын, уæлдайдæр та хæххон районты фæндæгтæм. Уым, чи зоны, бæрæгбæтты рæстæг туристты нымæц фæфылдæр уыдзæн.

Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here