Афæдзы хатдзæгтæ, фидæны нысантæ

0
106

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты цыппор æвдæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, сæ сæргъы – Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, афтæмæй, республикæйы прокуроры хæдивæг Николай Клепов, Цæгат Ирыстоны сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, муниципалон скондты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Дыккаг бакасты депутаттæ равзæрстой «2026 азмæ æмæ 2027-2028 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» закъоны проект. Республикæйы Хицауад бюджетмæ ивддзинæдтæ кæй хæссы, уымæ гæсгæ фарстайыл раныхасгæнæг – Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег фæндон бахаста, цæмæй закъоны проектмæ ногæй каст æрцæуа фыццаг бакасты. Уымæ гæсгæ фарстайыл раныхас кæнын бахъуыд республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Каровайы. Куыд загъта, афтæмæй, пъланмæ гæсгæ, 2026 азы бюджеты æфтиæгтæ уыдзысты 54 миллиарды æмæ 237,6 милуан сомы, хæрдзтæ – 55 миллиарды æмæ 456,7 милуан сомы. Бюджеты кадавар – 1 миллиард æмæ 219 милуан сомы. Закъоны проект дыккаг бакасты йæм æркæсынмæ цалынмæ цæттæ кодтой, уæдмæ субсидитæ æмæ субвенциты хуызы йе ‘фтиагджын хайыл бафтыд 1 миллиард сомæй фылдæр. Уыимæ, фылдæр кæнынц хæрдзтæ дæр – бюджетон кусджытæн мызд фидыны бæрцыл кæй бафтдзæн, социалон лæггæдтæ фылдæр кæй кæнынц æмæ æндæр æфсæнттæм гæсгæ. Министры ныхасмæ гæсгæ, 2027-2028 азты пъланон рæстæгмæ бюджеты нымæцтæ бынтон бæлвырд уой, уымæн нырма гæнæн нæма ис, фæлæ развæлгъауы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бюджет хъуамæ уа æфтиагджын.

Закъоны проекты фæдыл æмдоклад скодта Хæдарцаты Аслæнбег.

Фарстайыл раныхасгæнджытæ ма уыдысты Фадзайты Арсен æмæ рес-
публикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, депутаттæ Цæгæраты Руслан æмæ Дыдарты Сосланмæ.

Закъон фидаргонд æрцыд дыккаг бакасты.

Оксанæ Карова ма ныхас кодта «2025 азмæ æмæ 2026-2027 азты пъланон рæстæгмæ республикон бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектыл. Куыд загъта, афтæмæй бюджеты æфтиагджын хай фæфылдæр 55,1 милуан сомæй, уыдонæй 49,5 милуан сомы сты æнæхъалонты æфтиæгтæ. Афтæмæй, 2025 азы бюджеты æфтиæгтæ сты 54 миллиарды æмæ 300 милуан сомы, хæрдзтæ – 56 миллиарды æмæ 8 милуан сомы.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Хæдарцаты Аслæнбег.

Закъоны проект æвзæрст цыд фыццаг бакасты, фæлæ документы ахсджиагдзинад æмбаргæйæ æмæ, афæдз кæронмæ кæй фæхæццæ кæны, уый нымайгæйæ, закъон фидаргонд æрцыд фыццаг æмæ дыккаг кæройнаг бакасты.

«Хъалонфидджыты иуæй-иу къордтæн æфтиæгты хъалоны бæрцы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект æркæсынмæ рахаста республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Документмæ каст цыд фыццаг бакасты. Закъонæвæрынадон хъæппæрис баст у, фæстаг фондз азы дæргъы чи уыд, æмæ ныр йæ кæронмæ чи фæхæццæ кæны, закъоны уыцы фæзилæн адарддæр кæнынимæ. Ныхас цæуы регионалон оператор «Эра»-йæн баххуыс кæныныл. Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ, куыстуат цы ныллæг тарифтыл лæггад кæны, ахæмтæ нæй æппæт Уæрæсейы дæр – районы цæрæг иу адæймагыл хауы 37 сомы иу мæймæ, горæты цæрæгыл та – 59 сомы. Уымæй уæлдай, министр куыд загъта, афтæмæй куыстуат сарæзта быронæвзарæн завод æмæ йыл схардз кодта 1 миллиард сомы. Хъарайы-фырт депутаттæй курæг уыд, цæмæй закъоны проект фидаргонд æрцæуа фыццаг æмæ дыккаг кæройнаг бакасты. Закъон депутаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой.

Депутаттæ ма байхъуыстой, ацы азы фараст мæймæ республикон бюджет æххæстгонд куыд æрцыд, уый фæдыл Оксанæ Каровайы дзуаппон раныхасмæ. Куыд загъта, афтæмæй ацы азы 1 октябрмæ бюджеты фараст мæйы бæрæггæнæнтæ уыдысты ахæм: æфтиæгтæ – 37 миллиарды æмæ 84 милуан сомы, хæрдзтæ – 38 миллиарды æмæ 702 милуан сомы, бюджеты кадавар – 1 миллиард æмæ 618 милуан сомы. Бюджеты хæрдзтæн сæ фылдæр (71 проценты) сты социалон-культурон къабазыл, стæй, республикæйы цы фараст национ проекты æххæстгонд цæуы, уыдоныл.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Хæдарцаты Аслæнбег. Фарст уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ.

Финансты министрады ацы хъусынгæнинаджы фæдыл депутаттæ сфидар кодтой Парламенты уынаффæ.

Уымæй уæлдай ма фидаргонд æрцыдысты Парламенты закъонæвæрынадон архайдмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй æмæ «Муниципалон сконд Дзæуджыхъæуы социалон-экономикон рæзты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы горæтаг зылды муниципалон сконды сæргълæууæджы хъусынгæнинаджы тыххæй» Парламенты уынаффæтæ.

Æмбырды кæронбæттæн раныхас кодта Тускъаты Таймураз. Парламенты Сæрдар арфæ ракодта, æппæт депутаттæн дæр сæ афæдзы дæргъы куыс-
ты фæдыл, стæй, се ‘взарджытимæ æнгом архайд кæй кæнынц, уый фæдыл. Æмæ бахыгъта Цæгат Ирстоны Парламенты афæдзы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ æрдзырдта фидæны нысантыл.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ,
къам систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here