Æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл уынаффæгæнджытæ

0
90

Цæгат Ирыстоны хæстæгдæр рæстæг йæ тыхы бацæудзæн ног ахуырадон проект. Йæ сæйрагдæр нысантæ сты ахуырадон кусæндæтты патриотон хъомылад фæхъомысджындæр кæнын, стæй сæрмагонд æфсæддон операци æмæ æндæр гæрзифтонг быцæуты архайджыты æхсæнадон куыстыл æфтауын.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ, 2026 азы республикæйы ахуырадон кусæндæтты (скъолатæ, колледжтæ æмæ техникумты) фæзындзæн ног бæрнон бынат – æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл уынаффæгæнджытæ. Ацы хъæппæрис ахъаз уыдзæн дыууæ ахсджиаг фарстайы алыг кæнынæн. Иуæй – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æппæтвæрсыг социализацийæн, адæмы уыцы къорды минæвæрттæн куысты бынæттæ дæттынæн, иннæмæй та – скъоладзаутæ æмæ студентты патриотизм æмæ Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинады идейæтыл хъомыл кæнынæн, нæ бæстæйы хъæздыг истори æмæ абоны вазыгджындæр цаутæ бæстондæр зонынæн.

– Ныфс мæ ис, ацы проект рæзгæ фæлтæры æфсæддон-патриотон хъомыладыл хорзæрдæм кæй сахаддзæн, алы фæлтæрты æнгомдзинад фидардæр кæй кæндзæн, уымæй. Цæгат Ирыстон алкæддæр бæрæг дардта Райгуырæн бæстæйы хъæздыг æмæ героикон историмæ табуйаг ахастæй, нæ бæстæйы фæрныгдæр фидæныл бæрнондзинад æвдисгæйæ. Æппæт уыцы бындуртыл араздзыстæм нæ дарддæры архайд дæр, – ног проектыл дзургæйæ, бафиппайдта Сергей
Меняйло.

Проекты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл бакусдзысты РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады центр «Авангард»-ы специалисттæ. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй проекты фыццаг къæпхæн йæ тыхы бацæудзæн 2026 азы февралы. Уæд 10 скъола æмæ астæуккаг профессион ахуырады 15 кусæндоны сæ бынæтты æрлæудзысты æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл уынаффæгæнджытæ.Фидæн азы сентябрæй фæстæмæ ахæм специалисттæ фæзындзæн иннæ ахуырадон кусæндæтты дæр.

Æфсæддон-патриотон хъомылады фарстаты фæдыл уынаффæгæнджыты бæрны комкоммæ уыдзысты патриотон клубты архайды, «Зарница», «Орленок» æмæ æндæр ахæм æфсæддон-спортивон хъæзтытæ аразыны, æрсидтон фæсивæдимæ куысты фарстатæ…

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here