Уæрæсейаг хъазахъхъæгты тыххæй

0
17

Уæрæсейы Президенты æххуысгæнæг Дмитрий Миронов хъазахъхъы хъуыддæгты фæдыл цы æмбырд скодта, уым архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Рæгъмæ рахастæуыд уæрæсейаг хъазахъхъæгты тыххæй паддзахадон программæ царды куыд æнтысы, уыцы фарста. Ацы, 2025 азæй хатдзæгтæ скодтой,  «Уæрæсейаг хъазахъхъæгты тыххæй» федералон закъоны проектыл бакусыны уынаффæтæ рахастой æмæ хъазахъхъаг æхсæнадæн кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддагæй рахастой хицæн бæрæггæнæнтæ.

Дмитрий Миронов куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй иннæ аз кæронмæ ахæццæ кæндзысты уæрæсейаг хъазахъхъы тыххæй паддзахадон стратегийы дыккаг къæпхæн. Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты мобилизацигонд фæстауæрцмæ хъазахъхъы бакæныны, скъола-
дзаутæн хъазахъхъы тыххæй зонындзинæдтæ дæттыны, «Уæрæсейы хъазахъхъы истори»-йы ахуырадон-методикон фæрæзæй пайда кæныныл ныхас рауад.

Уымæй уæлдай, Уæрæсейы Президенты æххуысгæнæг куыд радзырдта, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ – хъазахъхъæн æххуыс кæныны фарстатæ æппынæдзух вæййынц алыхуызон ахсджиаг къамистæ æмæ советты æмбырдты. Уæрæсейы ног регионты хъуамæ фæзыной зылдты хъазахъхъаг æхсæнадтæ.

Ацы æмбырды раныхас кодта Стъарапойлаг æмæ Невинномысскаг митрополит Кирилл. Уый фæбæрæг кодта, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы аргъуаны кусджытæ сæ службæ куыд æххæст кæнынц, уый. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны хъазахъхъæгтæ сты æвзыгъд, бæстæйæн зæрдæбынæй лæггад кæнынц. Нæ республикæйы рæзгæ фæлтæрты хъомылады хъазахъхъ архайынц сæрæнæй. Æмбырды ма равзæрстой æндæр ахсджиаг фарстатæ дæр.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here