Афæдзы бæрæггæнæнтæ

0
22

Дзанайты Барис дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд. Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районтæ æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытæ се ’ргом аздæхтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзт æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм.

Фыццагдæр æмбырды æркастысты кадрты фарстамæ. Бокоты Витали нысангонд æрцыд РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры фыццаг хæдивæгæй. Раздæр Витали куыста «ГУП РПВВ»-йы.

Æнæзакъонæй хæцæнгарз æмæ алыхуызон хæстон рæмудзæн æрмæджытæ барвæндонæй барадхъахъхъæнæг оргæнтæм чи æрбахæсса, уыцы граждæнтæн æхцайы премитæ раттыны тыххæй радзырдта
Ортабайты Виктор.

2026 аз æмæ 2027 – 2028 азты пъланы æмгъуыдмæ РЦИ-Аланийы граждæнтæн лæвар медицинон æххуысы фæзуатон программæйы паддзахадон зæрдæдарæнты тыххæй æмбырды фехъусын кодта нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан.

Ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Дзанайты Марк фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Хицауады ахуырады къабазы рæзтимæ баст къорд уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй.

– Республикæйы стыр æргом здæхт цæуы ахуырады къабазы рæзтмæ. Фæстаг азты дæргъы арæзт æмæ бындурон цалцæг æрцыдысты дæсгай скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ, ифтонг сты нырыккон техникæ æмæ æндæр хъæугæ æрмæджытæй. Æппæт уыдонæн УФ-йы бюджетæй радих кодтой 14 миллиард сомы. Уый руаджы сывæллæтты нырыккон ахуырæн арæзт цæуы æппæт фадæттæ. Дарддæр дæр æппæт хъарутæй архайдзыстæм ацы хъуыддагыл, – загъта Дзанайты Барис.

Дзанайты Марк ма фехъусын кодта астæуккаг профессионалон ахуы-
радимæ баст координацион совет саразыны тыххæй. Советы нысан у,
республикæйы экономикæйы рæзтæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм профессионалон кадртæ цæттæ кæнын. Уымæй уæлдай, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон ахуырадон уагдæтты чи ахуыр кæны, уыдон лæвар исдзысты хъарм хæринаг.

Æрвылаз нæ республикæйы ахуыргæнджыты ’хсæн ацæуы регионалон конкурс «РЦИ-Аланийы азы ахуыргæнæг». Арæзт цæуы ахуыргæнджыты разæнгард кæнынæн æмæ сын финансон æгъдауæй баххуыс кæнынæн.

Чернобылы бæллæхыл 2026 азы æххæст кæны 40 азы. Уый фæдыл цы мысæн мадзæлттæ арæзт æрцæудзысты, уый тыххæй радзырдта нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри.

Республикæйы алы æмвæзады бюджетты ’хсæн ахастдзинæдтæ нывыл кæныны нысанимæ закъонæвæрынадмæ цы ивддзинæдтæ бахæсдзысты, ууыл ныхас кодта финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here