Рагæй хъусгæ æрцыдтæн – нæ мыггаджы хистæртæй æнæхъæн Дыгургомы дæр зындгонддæр æмæ нымаддæр Хæмыцаты Хуасдзауы фырт Нæуæг 1907 азы абалц кодта Атлантикон фурды фале Америкæйы Иугонд Шаттæм, куыд йæ иннæ сæдæгай æмзæххонтæ, афтæ – царды фæрæзтæ агурынмæ. Фæлæ цалдæр азы фæстæ сыздæхт, загъта, уым дæр, дам, бонджынтæн ис бухъ цард, мæнæн та, дам, ам дæр хорз у. Æмæ ууыл ахицæн сты йæ мысинæгтæ.
Сарæзта бинонтæ, рацыдис ын йæхи халдих куыстуарзаг, æгъдауылхæст, адæмимæ цæрæг цот. Йæ дыууæ фырты хæцыдысты знаджы ныхмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Дзамболат баззад тохы быдыры, нал федта йæ райгуырæн Одола, Болат та фæцис хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ, куыд æфсæддон шофыр, Берлинмæ дæр бахæццæ, иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудта зын фæлварæнты, фæлæ йæ хæстæ æххæст кодта, куыд хъуыди, афтæ. Хорзæхджын æрцыди хæстон хæрзиуджытæй, кадимæ сыздæхт йæ бинонтæм.
Болат фæсхæст азты дæр уыди Дыгуры комы уæды тæссаг æмæ æвадат фæндæгтыл арæхстджындæр æмæ фæлтæрдджындæр шофыртæй иу, уæвгæ, уæд цалдæрæй йеддæмæ нæма уыдысты…
Уыдæттæ, куы йæ загътон, æз рагæй зыдтон, фæлæ мæ хорз кæстæр, Болаты фырт Климент, советон дуджы нæ республикæйы фæсивæды хуыздæрты нымæцы уыди зындгонд, уый фехъуыстон хæрзæрæджы. Хионтæй мын æй чидæр бакой кодта, йæхæдæг мадзура у, хиуылхæцгæ, хиппæлойдзинадæй йæм æппындæр ницы хæццæ кæны.
Æмæ йæ айфыццаг, кæмдæр фембæлгæйæ, хынцфарст кæнын райдыдтон, журналист уæддæр йæ ахуыр нæ уадзы. Климент фыццаг æфсæрмхуызæй йæ къух ауыгъта, ома, уый уартæ кæд уыди, чи ма хъуыды кæны уыцы хабæрттæ, зæгъгæ, фæлæ мын уый фæстæ радзырдта:
– Цардыстæм, дæхæдæг æй зоныс, нæ рагфыдæлты цæрæн бынат – Одолайы хъæуы. Астæуккаг скъолайы фæстæ никæдæм ацыдтæн уæлдæр ахуырад райсынмæ, сывæллонæй дæр бирæ уарзтон техникæ æмæ бацыдтæн Цыколайы механизаторты курсытæм. Райстон трактористы дæсныйад. Кусын райдыдтон нæ колхоз «Ирæф»-ы трактор ДТ-75-ыл. Фыццаг рæстæг мын зынгомау уыди, фæлæ мæм куыдфæстæмæ фæзынди фæлтæрддзинад, хуыздæр базыдтон техникæ дæр…
…Дарддæр мын Климент куыд радзырдта, афтæмæй сæ колхозы хуымзæххытæ уыдысты Цыкола æмæ Сырх Дыгуры ’хсæн зындгонд Сылтаныхъы быдырты. Фылдæр дзы тыдтой нартхор, æрвылаз дæр-иу систой хъæздыг тыллæг. Уыцы æнтыстытæм йæ ахъаззаг хай хаста хæдзарады æрыгон раззагдæр механизатортæй иу – Климент дæр. Бауарзта зæххы куыст, куыдфæндыйы цæстæй никуы каст йæ размæ æвæрд хæстæм.
Советон дуджы кусæг адæймагæн стыр аргъ кодтой, бæрзонд æвæрд уыдис уæлдæр хицауады цæсты дæр. Климент иу азæй иннæмæ æвдыста хуыздæрæй-хуыздæр бæрæггæнæнтæ, æмæ йын йæ хъазуатон фæллойæн скодтой стыр аргъ – саккаг ын кодтой уæды рæстæг нæ бæстæйы сабыр царды кадджындæр хæрзиу-
джытæй иу – Фæллойадон Сырх Тырысайы орден. Райста йæ Климент уыцы азты Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Хъæбæлоты Билары къухтæй. Цыдис ыл уæд æдæппæтæй 22 азы.
Уый фæстæ ма Климент уыдис нæ республикæйы Сæйраг Советы депутат, хаста коммунистон фæллойы раззагдæры ном, хорзæхджын æрцыди ФÆЛКЦ-йы Центрон Комитеты кадджын риуылдаргæ нысанæй. Куыд хъæппæрисджын фæскомцæдисон, цалдæр хатты уыдис балцы фæсивæдон делегациимæ фæсарæйнаг социалистон паддзахæдты. Уыцы азты Климент базонгæ Таболты Солтанимæ дæр, фæлымæн сты, Солтан уæд уыди фæскомцæдисы нæ республикæйы организацийы разамонджытæй иу. «Арæх-иу æрбацыди ардæм, нæхимæ, Одоламæ дæр, уазæгуаты, – мысы Климент. – Мæ ныййарджыты-иу сбуц кодта алыхуызон лæвæрттæй. Нæ бынæттæ йæ зæрдæмæ тынг цыдысты…»
Нæ рох кæны Климент, сæ колхозы тракторон бригады йемæ чи куыста, уыцы адæмы дæр – Нафиты Юрийы, уый дæр хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орденæй, Хохойты Харитоны, Цопанты Айвары, сæ бригадир Æфсæнты Батæрбеджы. Арф фæд ныууагъта семæ æмгуыст Клименты зæрдæйы.
Фæстæдæр азты ма йын кусгæ рауади шофырæй дæр йæ фыд Болатимæ, Малиты Хасанимæ, Габеты Бигийимæ, Будайты Славиккимæ. Æдæппæт та Клименты фæллойадон уысм хæццæ кæны 47 азмæ. Ныртæккæ исы пенси, йæ цардæмбал Хæмыцаты-Гæтциты Раяимæ схъомыл кодтой, царды рауагътой хорз цот, ис сын кæстæрты кæстæртæ дæр.
Гъе, ахæм хабæрттæ базыдтон хæрзæрæджы мæ хæстæг æрвад, орденхæссæг, Хæмыцаты Болаты фырт Клименты цардæй.
Хæмыцаты Морис














