«Севкавказэнерго»-йы кусджытæ æдзухдæр æххуысмæ – цæттæ

0
57

Куыд зонæм, афтæмæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад у не ‘хсæнады социалон-экономикон къабазы ахсджиаг хай. Адæмы æнæфыдбылыздзинад аразгæ у ацы хæдзарады архайдæй дæр.

Абон мæ мæхи æмæ нæ хъæуы цæрджыты номæй фæнды зæгъын цалдæр ныхасы, лæггадгæнæг организаци «Севкавказэнерго» цы куысты хæрзхъæддзинад æмæ лæггæдтæ дæтты, уыдоны тыххæй.

Ацы куыстуаты филиалы коллективы уæнгтæ, сæ сæргъы Хуыгаты Æхсарбег, афтæмæй æнтыстджынæй аиуварс кæнынц алыхуызон æнæнхъæлæ-
джы цаутæ, сифтонг кæнынц электрон тыхимæ баст системæтæ, афтæмæй дысвæлдæхтæй кусынц нæ республикæйы цæрджыты хæрзиуæгæн.

Æхсарбеджы разамындæй дæсны кусджытæ бахъуа-джы сахат фæзынынц
æвæстиатæй, боныхъæды уавæртæм дæр нæ кæсынц, æхсæв уа, бон уа – баххуыс кæнынмæ кæддæриддæр цæттæ сты, стыр бæрнондзинад æвдисынц æрвылбон. Куысты бæрзонд бæрæггæнæнты сæйраг рахæцæн та уый у, æмæ Хуыгайы-фырт, дæсны специалист, йæ цæст иудадзыг кæй дары йæ дæлбар коллективы куысты хæрзхъæддзинадмæ.

Ног азмæ æрбакъахдзæф кодтам, æмæ уый фæдыл зæрдиаг арфæ кæнын
Хуыгаты Æхсарбег æмæ йæ коллективæн. Адæмы æнцойдзинадыл архайут, æмæ уæ куыстæй уæ зæрдæ рухс уæд, ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ уын æнтысæд!

 

ТОРЧЫНТЫ Ларисæ, Джызæлы цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here