Ирон фынджы æгъдау

0
112

Æрæджы нæ зынаргъ буц хистæр, Мæскуыйы цæрæг, зындгонд спортсмен æмæ тренер ÆГАЙТЫ Андрейы фырт Ерикыл сæххæст 85 азы. Газет «Рæстдзинад» уый тыххæй фыста фарон, 13 октябры, №184.

Бирæ адæм æрæмбырд ис Еричы дачæйы. Уазджыты ‘хсæн уыдысты бирæ зындгонд æмзæххонтæ. Уыдысты йæм уазджытæ Словакийæ, цæцæйнæгтæ, уырыссæгтæ, Дагестанæй, зæрдиаг арфæтæ йын фæкодтой. Æз дæр ын Хуыцаумæ кувын, цæмæй йын балавар кæна æнæниз, æнæмаст дæргъвæтин цард, кæй уарзы æмæ йæ чи уарзы, уыцы адæмы ‘хсæн.

Мæнæ ацы радзырд дæр у, Ерикыл цы хабар æрцыд, уый фæдыл.

Мæскуыйы метройы станцæ «Красные ворота»-мæ æввахс ис Мæскуыйы нацитæ æмæ адæмыхæттыты хæдзар (Мос-ковский дом национальностей), цыбырæй йæ хонынц МДН. Йæ разамонджытæ уыцы рæстæг хорзыл нымадтой Мæскуйы ирон æхсæнады Советы куыст, стыр аргъ кодтой Советы сæрдар Къаболаты Валери æмæ ирæтты культурон центры директор Бедойты Тамарайæн.

2006 азы июны мæйы МДН-æй телефонæй æрбадзырдтой Тамарæмæ æмæ йын фехъусын кодтой, кæй аразынц сæрмагонд изæр. Хонынц æм, Мæскуйы цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны минæвæртты. Изæры темæ: «Уæрæсейы цæрæг адæмыхæттытæ æмæ нациты фынджы æгъдæуттæ». Снысан кодтой
изæрæн амонæг – æрыгон лæппулæг Сергейы. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, мадзалы чи архайа, уыдонæй хъуамæ алчидæр радзырдтаид йæхи нацийы фынджы æгъдæуттæ.

Тамарæ телефонæй бадзырдта не ‘мзæххон Æгайты Ерикмæ æмæ йын
хъуыддаг бамбарын кодта, стæй дзы ракуырдта, цæмæй уый архайа уыцы изæры ирæтты номæй. Ерик ныхас ратта, кæй бацæудзысты изæрмæ дыууæйæ, йæхæдæг кæй равзара, ахæм æмбалимæ.

– Аив нæ уыдзæн ирон фынджы æгъдæутты тыххæй искæмæн дзурын, афтид стъолы фарсмæ бадгæйæ,– йæ хъуыды загъта Ерик.

– Афтæ дзырдтой, фысымтæ сæ фынгтæ кæй сараздзысты, зæгъгæ,– ныфсытæ æвæрдта Тамарæ.

– Фысымтæ сæвæрдзысты се стъолтыл минералон дон æмæ печенитæ, – загъта Ерик,– ирон фынг та фидауы уæливыхтæй, фыдæй, бæгæныйæ…

– Хорз, мæ бар уадз,– загъта Тамарæ,– æз алцыдæр сараздзынæн!

– Æрмæст, дæ хорзæхæй,– ракуырдта Ерик,– фæфылдæр кæн нæ ракувинæгты нымæц, ма ферох кæнут арахъхъ, сæн, коньяк!

Фысымтæ, МДН, – сæхи бацæттæ кодтой уыцы изæрмæ. Æрæвæрдтой Хæдзары стыр залы стъолтæ æмæ бандæттæ. Алы стъолыл дæр уыдис лимонад æмæ минералон доны æвгтæ, агуывзæтæ, чысыл тæбæгъы та – печениты къопп. Алы стъолыл дæр сæвæрдтой табличкæтæ, цавæр нацитæ архайдтой, уыдоны нæмттимæ: «тæтæйрæгты», «немыцæгты», «болгайрæгты», «бурятæгты» æмæ ма 15 стъолы алыхуызон нæмттимæ лæууыдысты залы. «Ирæтты» фынг лæууыдис чысыл иуварсдæр æмæ уыдис æхгæд, иннæ стъолтæй уæлдай, фынгæмбæрзæнæй.

Изæр байгом кæныны рæстæгмæ бирæ нал хъуыд, афтæмæй метройы станцæ «Комсомольская»-йæ рахызтысты Æгайты Ерик æмæ Хъайтыхъты Барис. (Барис уыд Мæскуыйы ирон æхсæнады Советы сæрдары хæдивæг, Цæгат æмæ Хуссар
Ирыстоны сгуыхт аразæг, Монголийы паддзахады куысты хъæбатыр.Тынг хъыгагæн, 2011 азы ацыд йе ‘цæг дунемæ. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы).

– Куы нын байрæджы уа…– йæ сагъæстæ загъта Ерик.

– Цавæр æрæджы у? Дæс минутмæ бахæццæ уыдзыстæм,– ныфсытæ æвæрдта Барис.

Изæрмæ æрбацæуæг адæм раджы æрбадтысты сæ «фынгты» уæлхъус æмæ æнхъæлмæ кастысты изæры райдайæнмæ. Амонæг Сергей рауай-бауай кодта æмæ æнхъæлмæ каст, кæд æрбацæудзысты ирæтты минæвæрттæ. Уый размæ йын йæ разамонджытæ загътой, цæмæй дæ изæр æнтыстджынæй ацæуа, уый тыххæй ирæттыл фидар хæц, зæгъгæ.

Æртæ минуты ма хъуыдис мадзалы райдайæнмæ, афтæ Сергейы зæрдæ нал фæлæууыд æмæ разгъордта Хæдзармæ бахизæнмæ. Уыцы афон МДН-йы къæсæры дуар байгом, æмæ мидæмæ бахызтысты Ерик æмæ Барис.

– Сымах ирæттæ стут?– сонт фарст сæ акодта Сергей.

– Бæрæг нæу, мах ирæттæ стæм, уый?– дзуапп ын ратта Барис.

– Тынг æхсызгон нын у! Æнхъæлмæ кæсæм!– бацин кодта Сергей. Адзырдта, уым цы хъахъхъæнæг дуаргæстæ лæууыд, уыдонмæ, адон сты нæхи æмкусджытæ, æмæ сын сæ нæмттæ журналы æрфыссынмæ рæстæг нæ сафæм, зæгъгæ.

Иумæ æртæйæ бацыдысты залмæ. Сергей къухæй ацамыдта ирæттæн сæ фынгмæ, йæхæдæг рацыд залы астæумæ, йæ къухы уыд гæххæттын папкæ сыфтимæ.

Ерик æмæ Барис бацыдысты сæ фынгмæ, арæхсгæ систой фынгæмбæрзæн. Сæ зæрдæтæ барухс сты сæ фынджы уындæй. Тамарæ бацархайдта, æмæ сæ фынг уыд тынг хъæздыг: ирон уæливыхты раз лæууыд фых дзидза – кусарты стыр хай, ирон бæгæныйы раз лæууыдысты сæны, арахъхъы, коньякты æвгтæ.

– Зынаргъ æмбæлттæ, – райхъуыстысты амонæг Сергейы ныхæстæ, – абон нæ
изæры мах ныхас кæндзыстæм…

– Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй! – фæурæдта Ерик амонæджы. – Дæ ном куыд у, нæ æрыгон æфсымæр?

– Сергей, мæ ном у Сергей.

– Мæ æрыгон æфсымæр Сергей, абон ацы залмæ æрæмбырд ис бирæ адæм, цæмæй æрныхас кæнæм вазыгджын
фарстатыл, райхалæм вазыгджын
хъуыддæгтæ. Куыд ис райхалæн вазыгджын хъуыддæгтæ æнæ скувгæ Хуыцаумæ? Бар мын ратт, æмæ уал æз скувон Хуыцаумæ, стæй уæд дæ куыст кæн!

– Табуафси! Хорз,– загъта амонæг.

– Зынаргъ æмбæлттæ! Æркæнут-ма, цы ис уæ фынгтыл нозтæй, æмæ скувæм Хуыцаумæ!

Стъолты фарсмæ чи бадт, уыдонæй бирæтæ сæ агуывзæты æркодтой, чи – лимонад, чи – минералон дон. Барис æркодта ирон бæгæны агуывзæйы æмæ йæ ратта Ерикмæ.

Ерик сыстад æмæ афæлгæсыд адæмыл. Иууылдæр æнхъæлмæ кастысты не ‘мзæххонмæ. Æрмæст чысыл фалдæр стъолы фарсмæ чи бадт, уыцы цыппар сылгоймаджы сæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодтой. Ерик сæм лæмбынæгдæр бакаст. Цыппарæн дæр сæ уæлæдарæстæ уыдысты сау, фæлæ саударджытæ нæ уыдысты, стъолыл табличкæйыл уыд фыст «гуырдзиæгтæ».

– О. Стыр Хуыцау! Не Скæнæг Хуыцау! Табу Дæхицæн! Мæнæ абон ацы хæдзары цы бирæ адæм æрæмбырд ис уыдон: нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, алыхуызон нациты минæвæрттæ, дины бирæ хуызтыл хæцджытæ, зæрдиагæй кувæм дæумæ, цы бирæ хорздзинæдтæ дæм ис, уыдонæй нæ хайджын фæкæн!

Даргъ æмæ рæсугъд нуарджын куывд фæкодта Ерик Стыр Хуыцауæн. Йæ ракуывды кæрон та бакастис гуырдзиæгты стъолы ‘рдæм. Йæ фарсмæ чи бадтис, уыцы сылгоймæгтæ змæлгæ дæр нæ фæкодтой.

– Кæд, ам чи бады, уыдонæй исчи зæгъы, Стыр Хуыцауæй нæ, фæлæ маймулитæй равзæрдысты, уæд уыдон мæ куывдмæ ма хъусæнт!– йæ ракуывды кæрон загъта Ерик.

Гуырдзиаг сылгоймæгтæ фестадысты сæ бандæттæй. Кæрæдзимæ сын гуыр-
дзиаг æвзагыл цыдæр загъд рауад, стæй сæ иу æрбадзырдта ирæтты ‘рдæм:

– Сымах дæр Стыр Хуыцаумæ донæй скуывтат?

– О! Ныххатыр кæнут махæн!– йæ бынатæй сыстад Барис, райста йæ къухмæ коньячы авг, бацыд гуырдзиæгтæм æмæ сын байдзаг кодта сæ агуывзæтæ нозтæй.

Уый фенгæйæ, дæсгæйттæй, сæ
агуывзæтимæ æрбацыдысты нозтмæ иннæтæ дæр ирон фынгмæ. Афтæ, нозтимæ уæрст æрцыдысты ирон уæливыхтæ æмæ дзидза.

Уыцы изæр амонæг Сергейæн куыст нæ уыд.

Дыккаг ракуывд, ноджы рæсугъддæр æмæ арæхстджындæр, Ерик ракодта нæ Сыгъдæг Уастырджийæн.

Æртыккаг ракуывды Ерик арфæтæ ракодта МДН-йы кусджытæн æмæ, уыцы Хæдзармæ чи æрбацыд, уыцы адæмæн.

Сæрмагонд изæр йæ куыст фæци. Ерик æмæ Барисы дæр нæ фæндыд донæй гаджидæуттæ кæнын.

Иу мæйы фæстæ Тамарæ фехъусын кодта Ерикæн, МДН разамонджытæ бузныг кæй загътой нæ ирон æхсæнадæн, сæ сæрмагонд изæры сын кæй баххуыс кодтам, уый тыххæй.

 

ХУЫБЕЦТЫ Олег,
Мæскуы

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here