Агурынц нырыккон фадæттæ

0
37

Уæрæсейы рухсады министр Сергей Кравцов Æппæтуæрæсеон æмбырды куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон сывæллæтты инклюзивон фæлладуагъдæй рацыд раззагдæр бынатмæ.

Æмбырды архайджытæ æхсызгонæй байхъуыстой ацы хабармæ. Сергей Кравцов куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уыцы куыст цæуы къæпхæнгай, ахуырады сæрмагонд авналæнтимæ сабитæн конд цæуы æмбæлгæ уавæртæ. Республикæйы рæзынц инклюзивон программæтæ, сывæллæттæн сæ фæлладуагъдмæ уазал цæстæй нæ кæсынц.

Цæгат Ирыстоны агурынц нырыккон фадæттæ, сæрмагонд ахуырадон авналæнтимæ сабитæн сæ дзæбæхгæнæн фадæттæ хуыздæргæнгæ цæуынц, сæ фæлладуагъдмæ дæр ис уæлдай цæстæнгас. Уый ууыл дзурæг нæу, æмæ куыстытæ кæронмæ ахæццæ сты, разæй ахуыргæнджытæм, хъомылгæнджытæм æнхъæлмæ кæсынц ноджы ахадгæдæр нысантæ. Сывæллæттæ хъуамæ скъолайæ рацæуой цардмæ цæттæйæ, æдæрсгæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here