Цæгат Ирыстоны бирæфатерон хæдзæрттæ бындуронæй цалцæг кæныны хъуыддаджы фæзынд ногдзинад: хæдзæртты цæрæг адæмæн уыдзæн цалцæггæнæн куыстыты хуызтæ æвзарыны хъуыддаджы архайыны бар.
– Хæдзары хицæуттæ сæ къух куыстытыл сразы уæвыны акты кæд æрæвæрой, Бындурон цалцæгкæнынады фондмæ æрмæст уæд уыдзæн æххæстгонд куыс-тытыл сразы уæвыны бар. Цавæр цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кæнын хъæуы, ныр уый бæлвырд кæндзысты хæдзары цæрджытæ, цалцæггæнджытæ та сæ куыстытæ æнæлазæй æххæст кæныныл архайдзысты, – зæгъы Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Атараты Георги.
Регионалон программæмæ гæсгæ, ацы аз 26 бирæфатерон хæдзары бындуронæй цалцæггонд æрцæудзысты, хæдзæртты сæвæрдзысты 50 ног лифты, донуадзæн æмæ
тæвдуадзæн хæтæлтæ, стæй электрон тыхуадзæн телтæ ногтæй ивд æрцæу-дзысты, цалдæр хæдзарæн та сæ сæртæ баивдзысты.
Нæ уацхæссæг














