Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн куысты бынæттæ ссарыны хъуыддаг æнæмæнг хорзæрдæм фæзындзæн сæ социализаци-йыл, сабыр цардмæ раздæхыныл. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонд ветерантæн зæрдиагæй æххуыс кæны, агуры сын куыст.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмбæлынц куыстдæтджытимæ, уыимæ – заводты, куыстуæтты. Нырмæ уал ветерантæй 12 экскурсион балцы бабæрæг кодтой бæгæныфыцæн завод «Бавари», семæ – «Фыдыбæс-тæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды специалисттæ, афтæмæй.
Ацы балцы нысан у хи хъуыддаг байгом кæныны практикон авналæнтæ равдисын, психологон цæлхæдурты сæрты ахизын, æцæг амалхъомадимæ базонгæ уæвын. Сæбанты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй теоретикон зонындзинæдтæ практикæйæ уайтагъд сфидар кодтой. «Бацыдыстæм стырдæр куыстуатмæ, федтам,
хъуыддæгтæ куыд арæзт сты, уый. Кусджытимæ аныхас кодтам, нæ фарс-тытæн райстам дзуаппытæ», – радзырта Сæбаны-фырт.
Фæлтæрдджын амалхъом-тренер Евгений Небайкин скодта интерактивон сесси, равзæрста амалхъомады фæзилæнтæ, йæ фæндагыл нырма ныр чи æрлæууыд, уыдоны тæссаг ахаст, фæбæрæг кодта райдайæны къахдзæфтæ. Уый фæстæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ сæхи бавзæрстой тестыты, сбæрæг кодтой сæ авналæнтæ.
Æмхуызонæй фæбæрæг кодтой, ахæм фембæлдытæ тынг хъæугæ кæй сты, уый.
Александр Слабкин куыд радзырдта, афтæмæй экскурси райдыдта уынгæй, бæгæныфыцæн завод йæхиуыл куыд схæцыд, уымæй фæцис. «Федтам бæстыхæйттæ, куыстуаты фадæттæн нæ бон аргъ скæнын бацис. Ахæм балцы руаджы адæймагмæ фæзынд йæхи хъуыддаг байгом кæныны фæнд», –зæгъы ветеран.
Экскурсион балц саразыны хъæппæрис равдыстой центр «Мой бизнес» æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды регионалон хайад. Ветерантæ федтой бæгæныфыцæн заводы æххæст цикл, куыстуаты специалисттимæ аныхас кодтой, фæллойы уавæртæ æмæ куысты бынæтты тыххæй хабæрттæ базыдтой.
Нæ уацхæссæг














