Боны фæткы –  транспорты куысты фарстатæ

0
36

РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй уыд профилон республикон ведомствæты разамонджыты кусæг æмбырд. Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой регионы бæлццæттæласæн транспорты куыст нывылдæр кæныны фарстатыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд азы кæрон республикæйы Парламент сфидар кодта æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг бафыста бæлццæттæласæн компаниты архайды дарддæры нывылад æмæ æхсæнадон транспорты къабазы куысты организацийы æххæстбартæ иу республикон ведомствæты бæрны бакæныны тыххæй. Афтæмæй 2026 азы райдайæнæй ног закъон йæ тыхы бацыд.

Закъоны сæйрагдæр ногдзинад уый у, æмæ, ныронг бæлццæттæласæн къабазы муниципалитетты бæрны цы æххæстбартæ уыдысты, уыдон ныр лæвæрд
цæуынц республикон æмвæзадмæ, комкоммæ бæрнон та сыл уыдзæн РЦИ-Аланийы Транспорты комитет.

Æппæт уыцы организацион фарстатыл æмбырды архайджытæ сæ хъуыдытæ загътой, фæбæлвырд кодтой архайды хæстæгдæр нысантæ. Дзанайты Барис профилон ведомствæты разамонджытæн бафæ-дзæхста, цæмæй ног закъоны бындурыл æмбæлгæ æппæт мадзæлттæ дæр цыбырдæр æмгъуыдмæ æххæстгонд æрцæуой.

– Республикæйы Сæргълæууæг цы закъон бафыста, уым бæлвырд фидаргонд æрцыдысты æхсæнадон транспорты æнæкъуыхцы куысты сæйрагдæр бындуртæ. Уыцы уагæвæрдæй бæстон спайда кæнын хъæуы, цæмæй ногдзинæдтæ афойнадыл сæ тыхы бацæуой æмæ республикæйы цæрджытæ сæхиуыл банкъарой бæлццæттæласæн компаниты куысты хорзæрдæм ивддзинæдтæ. Уымæй уæлдай, профилон республикон комитет хъуамæ бамбырд кæна, бæлццæттæласæн транспорты куыстыл комкоммæ чи сахаддзæн, æппæт уыцы фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ. Уыдоны бындурыл та саразын хъæудзæн къабазы дарддæры райрæзт æмæ нывылады пълантæ. Райрæзты ахæм нысантыл кусгæйæ, сæйрагдæр хъуамæ уой бæлццæтты æдасдзинад æмæ удæнцойдзинад, – æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, загъта Хицауады Сæрдар.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

6

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here