Цæгат Ирыстоны ныртæккæ цы санитарон-эпидемиологон уавæр сæвзæрд, уый зæрдæ-хсайгæ нæу. Уый тыххæй «Рæстдзинад»-æн фехъусын кодтой «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы.
Грипп æмæ æндæр ахæм хæцгæ низтæй рынчынты нымæц эпидемиологон
карздзинады къæпхæнтæй у 0,5-1 проценты бæрц къаддæр. «Роспотребнадзор»-ы минæвары ныхасмæ гæсгæ, фæстаг дыууæ къуырийы дæргъы республикæйы коронавирусæй рынчынтæ разынд 10 адæймаджы (уыдонæй 4 – сывæллæттæ). Уыдон æмæ æндæр зымæгон хæцгæ низтæй рынчынтæ сты медицинон кусджыты бæрны.
Управленийы специалисттæ сæ хатдзæджы сæрмагондæй куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй тыхстаг æууæл у, æппæт рынчынтæн сæ 65 проценты бæрц æнахъомтæ кæй сты, уый. Ууыл сагъæс кæнгæйæ, «Роспотребнадзор» æмæ иннæ бæрнон ведомствæты специалисттæ фæбæс-тондæр кодтой ахуырадон-хъомыладон кусæндæттæм цæстдард. Уыимæ, фарста æвæрд цæуы, цæмæй алкæцы скъола æмæ æндæр ахуырадон кусæндоны дæр алы райсом дæр бæрæггонд цæуа ахуырдзауты æнæниздзинады уавæр.
«Роспотребнадзор»-ы минæвæрттæ адæммæ сидынц, цæмæй гæнæн æмæ амалæй æххæст кæной санитарон æдасдзинад æмæ медицинон профилактикæйы домæнтæ.
– Æппæт ныййарджытæй дæр курæг дæн: сывæллоны æнæниздзинадыл
куыддæр фæдызæрдыг уат, афтæ уайтагъд дохтыры
æххуыс бацагурут. Сæйрагдæр æргом та, кæй зæгъын æй хъæуы, аздахын æмбæлы грипп æмæ æндæр ахæм хæцгæ низты профилактикæйы мадзæлттæм.
Зæгъæм, къаддæр цæуын хъæуы, адæм бирæгæйттæй кæм вæййынц, ахæм бынæттæм. Æнæцæугæ куы нæ уа, уæд та пайда кæнын маскæтæ æмæ хи хъахъхъæнынады æндæр фæрæзтæй. Хæдзармæ ’рбаздæхгæйæ – къухтæ бæстон ныхсын æмæ афтæ дарддæр. Сывæллон кæнæ ас адæймагмæ низы æууæлтæ куыддæр фæзына, уæд хъæуы хæдзары баззайын æмæ дохтыртæм бадзурын. Уыимæ, уыцы уавæрты бæстон æххæстгæнинаг сты дохтыры æппæт амынддзинæдтæ дæр, – бафиппайдта эпидемиологон цæстдарды хайады хицау Цæрикъаты Мæдинæ.
КАЛМАНТЫ Аслан














