Сывæллæттæ æмæ фæсивæды ‘хсæн патриотон хъомыладæн стыр ахъаз сты сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ архайджытимæ фембæлдтытæ, æмæ ахæм мадзæлттæ мах скъолайы арæх арæзт цæуы.
Сæ фæстиуæгæн та æрæмбырд кæнæм гуманитарон æххуыс, æмæ нын ацы хъуыддаджы стыр æххуыс бакæнынц нæ ахуырдзауты ныййарджытæ, амалхъом адæймæгтæ. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, дзурæг у нæ коллективы бæрзонд социалон бæрнондзинадыл.
Афтæ та Ног азы хæдразмæ нæ ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ зæрдиагæй бацархайдтой нæ хæстонты зæрдæтæ барухс кæныны тыххæй гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæныныл, æмæ нын æнтысгæ дæр бакодта. Ацы ахсджиаг хъуыддаджы нын зæрдиаг æххуыс бакодтой амалхъом Марат Анастасов æмæ ныййарджытæ, æмæ сын нæ ахуырадон уагдоны разамынды номæй стыр бузныг зæгъын.
Зымæгон хæстонтæ хъуаг тынгдæр цæмæй æййафынц, æппæт уыдæттæ æрæмбырд кодтам, скъоладзаутæ разæнгардæй архайдтой, сæвæрдтой сæ къоппыты, семæ та ма – фыстæджытæ не ‘мзæххон хæстонтæм Ног азы арфæтимæ.
Нæ ахуыргæнæг Кодзаты Маринæ къухæй тынг арæхстджын у, йæхи фæрæзтæй балхæны æрмæг æмæ сбийы, нæ лæппутæ æхсызгонæй кæй агурынц, ахæм талисмантæ. Ныр дæр та сарæзта, хæстонты зæрдæтæм рухс æнкъарæнтæ чи бауадздзæн, ахæм куклатæ Ирыстоны символикæимæ, æмæ ныридæгæн гуманитарон æххуысимæ сæмбæлдысты нæ намысджын сахъ нæлгоймæгтыл. Æнхъæлмæ сæм кæсæм уæлахизимæ!
Гæдиаты Тамарæ, Дзæуджыхъæуы 34-æм скъолайы сæргълæууæг














