Ацы бонты Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ сластой æфсæддон техникæ æмæ хæцæнгарзы цалцæр хуызы.
Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Ведомствæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, ахæм хæстон уæзæгтæ республикæмæ сæрвыстой, дыууæ бæстæйы хъахъхъæнынадон министрадтæ æфсæддон-техникон æмгуыстады тыххæй цы сæрмагонд бадзырд бафыстой, уый уагæвæрды бындурыл.
Республикæйы хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкий бабæрæг кодта, ног техникæ æмæ хæцæнгæрзтæ æфснайд кæм уыдзысты, уыцы æфсæддон дæлхайад, амынддзинæдтæ ратта бæрнон службæгæнджытæн хæстон исбонадæй аккаг хуызы пайда кæныны фæдыл.
Пресс-службæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уæрæсейаг хæстон техникæ æмæ хæцæнгарзы дыккаг хай республикæмæ сласдзысты мартъийы-апрелы.
(Информацион
агентад «Спутник»)














