Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Мæздæджы районы минæвæрттæй авд адæймагæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры нæмттæ, æртæйæ та систы Намысы ордены æххæст кавалертæ. Уыдонæй иу уыдис Николай Мартыненко.
Николай райгуырдис 1920 азы 15 августы Киевскойы хъæуы хуы-
мæтæг зæхкусæг бинонты ‘хсæн, æвзонгæй райдыдта зæххы куыст кæнын. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд æй фронтмæ афæндараст кодтой æнæхъæн хъæуæй, фæдзæхстой йын хъæбатырæй æгъатыр знаджы ныхмæ тох кæнын, цæстыгагуыйау райгуырæн зæхх хъахъхъæнын.
Æз йемæ рагæй зонгæ уыдтæн, арæх-иу æй æрбахуыдтой Киевскойы хъæуы скъоламæ ахуырдзаутæн йæ хæстон фæндæгты тыххæй радзурынæн. Йæхи тыххæй бирæ нæ дзырдта, фылдæр йæ хæстон æмбæлтты хабæрттæ мысыд – куыд хæцыдысты, цавæр сгуыхтдзинæдтæ æвдыстой, уæлахизы сæраппонд сæ цард дæр æвгъау куыд нæ кодтой. Иуныхасæй, йæ ахъаззаг хай хаста
фæсивæды патриотон хъомыладмæ.
Хæсты Николай уыдис артиллерист. Йæ фыццаг карз хæстон фæлварæн уыдис горæт Броварыйы бынмæ. Фашисттæ нымæцæй дæр æмæ техникæйæ дæр уыдысты бирæ фылдæр, махонтæн сæ бынат ныууадзын бахъуыд. Знагæн сæ сармадзантæ æмæ иннæ техникæ нæ ныууагътой, срæмыгътой сæ æмæ хъæдмæ сæхи айстой. Фæстæдæр Николайы снысан кодтой сгарæгæй. Йе ’мбæлттимæ агуырдтой немыцы æхсæн бынæттæ, сбæрæг сын кодтой сæ координаттæ, уый фæстæ та сæ нæ артиллеристтæн бацамыдтой ныппырх кæнынæн. Иуахæмы цæф дæр фæци – зна-
джы рæстдзæвины (снайперы) нæмыг суади йæ къухыл. Цасдæр рæстæг йæхи дзæбæх кодта санитарон батальоны.
Уый фæстæ Николайы раивтой танкты 18-æм корпусы 78-æм хицæн батальонмæ. Сбадти бронемашинæйыл. Архайдта 2-аг Украинаг фронты æфсæдты тохы Харьковы бынмæ тугкалæн быцæуты. Уым райста Николай йæ фыццаг æфсæддон хæрзиуæг – Сырх Стъалыйы орден.
1944 азы апрелы Корсунь-Шевченковскийы операцийы рæстæг Николай æмæ йе ’мбал сгарджытæн сæ размæ сæвæрдтой хæс – знаджы фидæртты бынæттæ, семæ схæцгæйæ, сбæрæг кæнын. Уыдысты 25 адæймаджы. Æртæ броневикимæ, дыууæ танчы æмæ фондз мотоциклыл æвиппайды бабырстой немыцæгты чъылдыммæ, дзæвгар дзы ныццагътой техникæ дæр æмæ салдæттæ дæр. Уæд райста Николай æртыккаг къæпхæны Намысы фыццаг орден.
Дыккаг къæпхæны Намысы орден та йын радтой 1944 азы ав-
густы Ясско-Кишиневы операцийы фæстæ.
Советон æфсæдтæ тындзыдтой дарддæр ныгуылæнмæ, бахæццæ сты Будапештмæ. Уым Николай фæцис уæззау цæф – йæ хæдтулгæйы бынмæ схæцыд минæ. Дзæвгар рæстæг фæхуыссыд госпитæлы, дохтыртæ йæ ногæй йæ къæхтыл слæууын кодтой. 1945 азы мартъийы та райста фыццаг къæпхæны Намысы орден – уыцы кадджын хæстон хæрзиуæг æртыккаг хатт!
Бахсыст Николай уыцы стыр тохы цæхæры.
Уæлахизы хабар фехъуыста танкты училищæйы, уырдæм æрвыст æрцыд танкистты афицерыл ахуыр кæнынмæ.
Сыздæхт сæхимæ Николай Мартыненко, тынг ыл фæцинтæ кодтой мад, фыд (уый дæр уыдис хæцæг æфсады), фæлæ æнæ хъыг дæр нæ уыдысты – Никола-
йæн йе ’фсымæр Иван нал федта йæ бинонты, фæмард знæгтимæ тохы Малгобекы бынмæ.
Ралæууыдис сабыр дуг, Николай та дысвæлдæхтæй бавнæлдта йæ уарзон куыстмæ – рæзын кодта хор, халсартæ, æхсынæнтæ. Йæ хуымтæ æрвылаз дæр лæвæрдтой бæрзонд тыллæг. Зæххы куыстыл ахуыр кодта раздæры хæстон фæсивæды дæр. Йæ фæллойадон æнтыстыты тыххæй йын саккаг кодтой Октябры революцийы орден.
Николай Мартыненко йæ бинойнаг Аннæимæ схъомыл кодтой хорз цот – фондз чызджы, уыдон ахуыр райстой, систы æхсæнадæн хъæугæ адæм, сæ цот сты сæ
хистæрты цин æмæ ныфс.
Николай рох нæу йæ хъæуккæгтæй, йæ номæй йын схуыдтой Киевскойы хъæуы рæсугъддæр уынгтæй сæ иу, бынæттон скъола дæр хæссы йæ ном. Амалхъом Владимир Лещинский та Николайы номарæн фæйнæг сæвæрдта хъæубæсты зынгхуыст хæстонтæн цыртдзæвæны раз.
Æдæппæтæй та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг нæ рай-
гуырæн зæххы сæрвæлтау сæ цард радтой Мæздæджы райо-
ны æхсæз мин цæрæджы. Не сты æмæ никуы уыдзысты махæй рох…
Челдыты Симæ,Мæздæджы музейы
директор














