Зымæг æхсызгондзинад цас хæссы, тæссаг дæр уый бæрц у. Уæлдайдæр, фæндæгтæ ихы бын куы фæвæййынц, уæд адæймагæн ахауынæй æмæ исты асæттынæй свæййы тынг тæссаг. Фæндæгтæ та бырынцъаг уымæн свæййынц, æмæ боныхъæд æгæр раив-баив кæй кæны – уæд фæхъарм вæййы, уæд та æваст фæуазал кæны.
Адæймаг куы ахауы, уæд арæхдæр асæтты йæ къух, уымæн æмæ хаугæ-хауыны йæхи хъавы бауромын, æмæ йæ къух йæ быны фæвæййы. Къах асæттынæй уæлдай тæссагдæр у, бæрзонд зæвæтджын къахыдарæс чи уарзы, уыцы сылгоймæгтæн. Уымæй уæлдай, хаугæйæ тæссаг у сæр ныццæвынæй дæр. Хистæр кары адæймæгтæн се стджытæ свæййынц сæттагдæр, гыццыл цæфæй дæр сæтгæ кæнынц, уымæ гæсгæ, бырынцъаг фæндагыл цæугæйæ, уыдон хъуамæ уой уæлдай къæрцхъусдæр.
Спорты зымæгон хуызтæ чи уарзы, уыдон æнæмæнг сæхимæ хъуамæ дарой хъахъхъæнæн сæрмагонд дарæс. Адæймаг фæллад куы уа, кæнæ йæхи бынтон хорз куы нæ æнкъара, кæнæ нозты хъæстæ куы уа, уæд ахæм рæстæг спортæй архайгæ нæу.
Зымæгон ахауынæй æмæ ныццæвынæй кæнæ исты асæттынæй адæймаг йæхи цæмæй бахъахъхъæна, уый тыххæй æххæстгæнинаг сты ахæм уагæвæрдтæ:
– дарын хъæуы тъæпæнбын кæнæ, ныллæг цыппæрдигъон зæвæт кæуыл уа, ахæм къахыдарæс, ноджы хуыздæр та – йæ бын дæрзæг кæмæн уа, ахæм къахыдарæс;
– бырынцъаг фæндагыл цæуын хъæуы сындæггай æмæ цадæггай, адæймаг къахдзоныгътыл цыма цæуы, ахæм санчъехтæ кæнгæйæ; ацы фиппаинаг уæлдай тынгдæр хауы хистæр кары адæймæгтæм;
– спорты зымæгон хуызтæй архайгæйæ, уæлдай лæмбынæг æххæстгæнинаг сты æдасдзинады домæнтæ, пайда кæнын хъæуы хъахъхъæнæн сæрмагонд спортивон дарæсæй;
– дзоныгъæй, къахдзоныгътæй хъазгæйæ, сывæллон цæмæй æдас уа, ууыл бацархайын хъæуы йæ ныййарджыты, æмæ йæхи, мыййаг, куы ныццæва, уæд хъуамæ зоной фыццаг æххуыс бакæнын.
Лæмбынæг æмæ къæрцхъусдзинад сты, ахауынæй æмæ ныццæвынæй чи бахъахъхъæндзæн, ахæм профилактикон мадзæлттæ, уыимæ, канд зымæгон нæ, фæлæ афæдзы кæцыфæнды афон дæр. Уымæ гæсгæ, уазал æмæ хъарм боныхъæд раив-баив куы фæкæнынц, ахæм рæстæг ут уæлдай къæрцхъусдæр æмæ, бырынцъаг фæндагыл цæугæйæ, уæхи хъахъхъæнут.
Медицинон
профилактикæйы республикон центр














