Мах сæ сæрыстыр стæм!

0
71

Адæймаг афтæ фæхъуыды кæны æмæ пъæлицæйы куысты сæйрагдæр сты службæгæнджытæ, сæ бавнæлд, сæ ахаст, сæ фыдæбон. Фæлæ пъæлицæйы куыст æнæ хъуыддæгтæ аразæг службæйæ нæ рауайдзæн. Уый та бирæвæрсыг архайд у.

Уырдæм хауы æрбарвырст фыстæджитимæ, нормативон документтимæ, граждæнты курдиæттимæ, хъæстытимæ, мидхъуыддæгты хайады разамынды фембæлд цæрджытимæ аразынимæ, документтæ æххæстгонд куыд цæуынц, сусæг
хъуыддæгты арæзтмæ бæрнонæй кæсын æмæ æндæр фарстатæ. Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады уыцы бæрнон хæстæ æххæст кæнынц дыууæ сылгоймаджы, сæ иу – мидæггаг службæйы капитан, Хъуыддæгтæ аразыны хайады разамонæг Черчесты Замирæ æмæ иннæ – йе ‘ххуысгæнæг, хъуыддæгты хистæр  аразæг Татьянæ Шайхаматова.

Сæ алкæй фæндаг дæр мидхъуыддæгты оргæнтæм уыд вазыгджын,
райстой уæлдæр ахуырад. Сæхи равдыстой сæ куысты, уый фæстæ æрбацыдысты мидхъуыддæгты оргæнтæм. Мах ма ацы сылгоймæгты тыххæй фыстам, фæлæ сæ куыстыл æнувыд сты, сæ архайд бæстон æмæ дзуапджын, сæ ахаст та бæрнон у. Сты бафæзминаг, алкæй бон нæ бауыдзæн афтæ кусын.

Черчесты Замирæ ныр 20 азæй уæлæмæ ис мидхъуыддæгты хайады, йе ‘рбацыдыл нæ фæсмон кæны. Хъуыддæгты ис фæтк, йæ алы хæсмæ дæр у бæрнон, кæцыфæнды нысан дæр ын у ахадгæ, хъуамæ афойнадыл конд уа. Черчесоны хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ алы къах-дзæф дæр документтæй фидаргонд цæуа. Æндæр гæнæн нæй. Уæдæ Татьянæ Шайхаматова дæр юридикон факультеты фæстæ тæрхондоны фæкуыста, уый фæстæ ссис мидхъуыддæгты оргæнты специалист. Хъуыддæгтæ аразыны бирæ фæзилæнтæ кæй ис, уый зыдта, фæлæ йæ ныфс бахаста.

Сæ архайд æмхуызон у, кæрæдзимæ нæ кæсынц, Татьянæйы ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ уай лæмбынæг, документты цы æмгъуыд бæрæггонд ис, уымæ кæсай. Нырыккон дуне йæ архайд бæтты нымæцон технологитимæ. Мидхъуыддæгты оргæнтæ дæр уыцы фæрæзæй пайда кæнынц. Æппæт документтæ дæр регистрацигонд æрцæуынц Мидхъуыддæгты министрады документты зилдухы электронон сервисы. Черчесты Замирæ æмæ Татьянæ Шайхаматова сæ удуæлдай фыдæбоны  тыххæй хорзæхджын æрцæуынц паддзахадон хæрзиуджытæй, Арфæйы фыстæджытæй.

Сæ алкæй дæр фæнды, цæмæй мидхъуыддæгты оргæнтæм цæуой бæрнон, дзуапджын кусджытæ. Æнæмæнг, фæзындзысты, фæлæ сæ уæддæр куысты сусæгдзинæдтæ базонын бахъæудзæн фæлтæрдджын специалисттæй. Ахæм сты Черчесты Замирæ æмæ Татьянæ Шайхаматова. Ныртæккæ хабæрттæ фылдæр æмæ фылдæр кæнынц, уыимæ баст сты  æдасдзинады домæнтæ дæр. Хъуыддæгтæ аразыны специалисттæ сæ цæттæдзинадыл кусынц, ног технологитæ ахуыр кæнынц, куысты ног хуызтæм сты къæрцхъус.

Афтæ зæгъæн ис, æмæ хъуыддæгтæ аразыны хайад хуымæтæг æххуыс-
гæнæг нæу, фæлæ у структурæйы сæйраг цæг. Алагиры  районы мид-
хъуыддæгты хайады йын бæрнон сты Черчесты Замирæ æмæ Татьянæ Шайхаматова. Сæ рæвдз архайды, сæ дæсныдзинады руаджы хайады куыст зыны æргомæй, сæ размæ æвæрд нысантыл æнауæрдонæй архайынц. Мах сæ сæрыстыр стæм!

 

Гæззаты Зæринæ,  Алагиры районы
мидхъуыддæгты хайады инспектор

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here