Поселок Алханчурты скъолайы цардархайды æдасдзинады бындуртæ æмæ физикон культурæйы ахуыргæнæгæй кусы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Къуымæллæггаты Аланы фырт Хасан.
Алы ахуырдзауы дæр чи бахъæудзæн, Къуымæллæджы-фырты уроктæ алы хатт дæр ифтонггонд вæййынц ахæм теоретикон зонындзинæдтæ æмæ практикон фæзилæнтæй. Скъоладзаутæ сæ ахуыргæнæджы нымайынц домаг, фæлæ æнæхин адæймагыл. Фæсивæдмæ канд зонындзинæдтæ нæ, фæлæ зондахаст дæр кæй фæрцы сæвзæры, Хасан алы хатт дæр архайы ахуырад æмæ хъомылады ахæм нырыккон мадзæлттæй пайда кæныныл. Æрвылбон скъоладзаутæ бæрнондзинады æнкъарæнтæй цæмæй хайджын уой, Къуымæллæджы-фырты уроктæ уымæн ахъаз кæнынц.
Урочы рæстæг Хасан йæ ахуырдзаутæн арæх радзуры хъæбатырдзинад æмæ фæразондзинады тыххæй хабæрттæ.
РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы
министрады пресс-службæ














