Уæ уæз фылдæр кæнын ма уадзут

0
80

Медицинон къæлиндары ис ахæм бæрæг бон дæр – Калоритæ нымайыны къуыри, алы аз дæр вæййы 19-25 январы. Йæ нысан у ацы ахсджиаг фарстамæ адæмы æргом æрбаздахын. Уымæн, æмæ фыдхæрд, стæй уæз фылдæр кæнынæй тыхсынц æмæ хъæрзынц сылгоймæгты 50 проценты, нæлгоймæгты – 30 æмæ сывæллæтты 12 проценты бæрц.

Адæймаджы уæлдай уæз ис, зæгъгæ, уый у медицинон фарста æмæ азæй-азмæ кæны карздæр. Æгæр бирæ хæрд расайы сæкæрниз, дадзинты низ гипертония, зæрдæйы низтæ, ишемия, инфаркт, инсульт æмæ онкологийы иуæй-иу хуызтæ. Адæмæй бирæтæ фаг нæ хæрынц кæсаг, дыргътæ, халсартæ, фæлæ уый хыгъд æгæр пайда кæнынц дзул æмæ дзулæй конд хæринæгтæй, макъаронтæй, картофæй, адджинæгтæй, сæкæрæй, сырх æмæ, куыстгонд чи æрцыд, ахæм дзидзайæ.

Нард кæнынæй æмæ низтæй адæймаг йæхи цæмæй бахъахъхъæна, уый тыххæй ахсджиаг у калоритæ нымайын æмæ, йæ уæз цас у, уымæ иудадзыгдæр цæст дарын.

Калоритæ нымайын райдайыны размæ уал хъæуы базонын, суткæмæ буар  цас калоритæ домы, уый, æмæ сæ банымайын. Алкæмæн дæр уыцы бæрæггæнæн у фæйнæхуызон, æмæ йæ банымайынæн спайда кæнын хъæуы сæрмагонд нымайæнæй (калькуляторæй). Адæймаг хъуамæ æрфысса, цы продукттæй пайда кæны, уыдон, рæстæгæй-рæс-тæгмæ дæр гыццылгай ахæр-ахæр кæй кæны, уый дæр.

Йæ уæз цас у, уымæ цæст даргæйæ, хъæуы æххæст кæнын æртæ уаг-æвæрды:

– дон фылдæр нуазын æмæ, дон бирæ кæм ис, ахæм хæлцæй фылдæр пайда кæнын;

– фынгыл сæйраг хæринаг хъуамæ уой, калоритæ чысыл кæм ис, ахæм халсартæ;

– калоритæ бирæ кæм ис, ахæм хæринагыл та хъæуы къух сисын.

Уымæй уæлдай, ахсджиаг у физикон æгъдауæй цæрдæгдæр уæвын æмæ алы бон дæр æппынкъаддæр 45 минуты дæргъы физикон фæлтæрæнтæ кæнын.

Æнæниз ут!

 

Медицинон
профилактикæйы
республикон центр    

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here