Амалхъомады райрæзтæн – фылдæр фадæттæ

0
123

Федералон «МСП Банк» 2025 азы Цæгат Ирыстоны амалхъомады къабазы компанитææмæ хицæн минæвæрттæн æфстæуттææмææндæрæххуысы хуызы радих кодта 940 мил-уан сомæй фылдæр.

Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта банчы правленийы сæрдары хæдивæг Арсан Демельхановæрæджы республикæмæ йæ кусæг балцы рæстæг.

Банкæмæ профилон регионалон ведомствæты минæвæрттæ хатдзæгтæ скодтой, 2025 азæн арæзтæмархайды пълантæ куыдæххæстгондæрцыдыс-ты, стæйæрдзырдтой
хæстæгдæр рæстæджыæмгуыстадæмæ иумæйаг проекттыл. Уыимæ, регионæмæ финансон структурææрмæст чысылæмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзтыл нæ кусдзысты, фæлæ республикæйы экономикæйы иннæ къабæзты нывыладæн ахъазгæнæгæндæр иумæйаг проект-тыл дæр.æппæт уыцы фарстатыл бæстон ныхас рауад «МСП Банк»æмæ РЦИ-Аланийы Экономикон рæзты министрады минæвæртты фембæлды.

Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, фембæлды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй республикææмæ банчыæмархайд, фыцца-джы-фыццагдæр, арæзт цæуы национ проект «Пайдайагæмæ ерысхъом экономикæ»-йы уаг-æвæрдты бындурыл. Уый фæрцы банк регионы чысылæмæ рæстæмбис амалхъомады компанитæн 2025 азы финансонæххуысы хуызы ратта 940 милуан сомы бæрц. Уыцы фæрæзтæ сахадыдтой, цæгат-ирыстойнаг амалхъомадон компанитæ хомагкуыстгæнæг промышленнос-ты, хъæууон хæдзарады, арæзтады, базарадæмæ туризмы къабæзты цы проекттææххæст кæнынц, уыдоныл.

Хæстæгдæр рæстæджы иумæйаг проекттыл дзургæйæ, фидаргондæрцыдысты курорт «Мамысон»-ы арæзтадыл кусæг резиденттæй иуæн 200 милуан сомы, дзæуджыхъæуккаг завод «Заря Осетии»-йæн та – 60 милуан сомы радих кæныны тыххæй уынаффæтæ. Уыимæ, «МСП Банк»-ы минæвæрттæ зæрдæ бавæрдтой, нырыккон технологиты райрæзтыл чи архайы, уыцы цæгатирыстойнаг иннæ куыстуæттæн дæрæххуыс кæй кæндзысты, уымæй.

Уый тыххæй «Рæстдзинад»-æн радзырдтой РЦИ-Аланийы Экономикон рæзты минис-трады.

Кæронбæттæны минист-рады минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй «МСП Банк»æмææндæр финансон структурæты кредиттæ, зæрдæдарæнтææмææндæрæххуыс райсыны фæткы фæдыл фарстатæ бадæттæн ис амалхъомады райрæзтæн ахъазгæнæг регионалон центр «Мæ бизнес»-ы специалисттæм (уыимæ, уыцы кусæндоныæрбынæттон «МСП Банк»-ы минæварад дæр).

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here