Хуыздæр студенттæн – хæрзиуджытæ

0
88

Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыд егъау бæрæгбон – Уæрæсейаг студентты бон. Уазджытææмæ фæсивæдæн бацæттæ кодтой  концертон программæ, призтæ рамбулыны конкурсæмæ хуыздæр студентты хæрзиуджытæй схорзæхджын кæныны мадзæлттæ.

Бæрæгбон цыдис ЦИПУ-йы концерттæ аразæн залы. Бæстыхайы тыргъы фенæн уыдис  нывкæнынады аивады факультеты студентты сфæлдыстадон куыстытæ.æппæт факультеттæ  дæр сценæйыл равдыстой сæ  арæхстдзинад кафтæмæ театралон дæсныйады. Бæрæгбон райдыдта   ЦИПУ-йы кафджыты  ансамбль «Иристон»-ы  «Симд»-æй.

Уæрæсейаг студенты бон ахуыры лæуд фæсивæдæн арфæтæ ракодта РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйло.

– Арæх мысдзыстут студенты азтæ. Скъола – уый иу, фæлæ студент уæвын та бынтонæндæр тæлмæнтæ сты. Студенты азтæ стыæрыгондзинады бонтæ,æмæ зæрдæйы цæрæнбонты рæсугъд мысинагæй баззайынц.  Уæ хъуыдытææмæ фæндтææргом дзурын ма ‘фсæрмы кæнут, фидæн сымахмæ кæсы, – загъта нæ республикæйы Сæргълæу-уæг.

Бæрæгбоны уæлдай зæрдылдарæндæр цау уыдис студентты схорзæхджын кæныны
рæстæг.   Хорз бæрæггæнæнтæ ахуыры,  спорты, бархионты къордты, культурон-сфæлдыстадон, æхсæнадон æмæ наукон царды архайды  сæрæнæй чи равдыста йæхи, уыцы фæсивæдæн сгуыхт хæрзиуджытæ раттой  Дзæу-
джыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг  Ходы Мæдинæ, Уæрæсейы спорты мастер дзюдойæ, Олимпиаг хъæзтыты призер Тменаты Тамерланæмæ Адæмон фронты Цæгат Ирыс-тоны регионалон хайады разамонæг Гæлиты Клим. Сæ зæрдылæрлæууын кодтой сæрмагондæфсæддон операцийы архайæг  студентты дæр. Абоны онг  71 студентæй  63 адæймаджы сты тохы раззагдæр рæнхъыты. ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан фæнысан кодта, университет кæй у, алы адæмтææмæ культурæтæ,æвзæгтæ иу чи кæны, ахæм  иу егъау бинонты хæдзар,æмæ абоны бæрæгбонæн дæр ахæм ахадындзинад ис.

–  Студентты бон  у хæлардзинад,æфсымæр-дзинадæмæ уæлахизты бæрæгбон.  Студенттæ  лабораториты сæ иртасæн куыстæйæнтыстджын къахдзæфтæ размæ кæнынц, спортивон залты та уæлахизтæм тырнынц. Сымах стут нæ фидæнæмæ нæ царды ныфс, – загъта Огъуаты Алан.

 

ЦИПУ-йы
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here