Бавæрæн æви егъау æххуыс?

0
91

Адæмон фронт у, нæ бæстæйы рæзты стыр ахадын-дзинад кæмæн ис, ахæм политикон æмæ æхсæнадон тыхтæ иугæнæг æхсæнадон змæлд. Равзæрд 2011 азы. Йæ раздзог Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин. Адæмон фронт тох кæны æнæрастдзинадимæ, йæ цæст дары, Президенты фæдзæхстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ.

Ныртæккæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг, алы уæрæсейаг гражданин дæр архайы, тохы быдыры чи хæцы, уыдонæн баххуыс кæныныл. Уыцы хъуыддаджы Адæмон фронтæн стыр ахадындзинад ис. Йæ уæнгтæ æдзухдæр дзуапп дæттынц сæ архайдæн. Цы стыр куыст кæнынц, уый базонæн ис социалон хызтæй дæр. Фæлæ бирæтæ не ’мбарынц сæ архайды егъау нысаниуæг. Уый чысыл æххуыс нæу, фæлæ у егъау бавæрæн, тохы быдыры чи хæцы, уыцы æфсады уæлахизмæ.

Чысыл цæугæдæттæ иумæ куы баиу вæййынц, уæд сæ стыр цæугæдон рауайы. Уыимæ абарæн ис Адæмон фронты æххуыс дæр.

Алы адæймаг дæр тырны хорз цардмæ, фæнды нæ æнаипп æхсæнады цæрын, фæлæ, куыд фæзæгъынц, цы къамтæ дын райуæрстой, уыдонæй хъаз. Иу паддзахады дæр нæй æмæ нæ уыд ахæм рæстдзинад, цæмæй æхсæнады алы уæнг дæр йе ’фсæддон хæс æххæст кæна. Алкæддæр уыдис ахæм граждæнтæ, æмæ уыцы хъуыддагæй йæхи чи фæсвæд кодта. Афтæ уыд египетаг фараоны рæстæг, Цезарь, Наполеон, Уæрæсейы паддзах æмæ советон дуджы дæр. Зæгъæм, йе ‘фсæддон хæс чи æххæст кодта, уыдонмæ Чернобылы аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ куы фæсидтысты, уæд се ’хсæн иунæг партион кæнæ йæ байзæддаг дæр нæ уыд. Мах уый уыдтам, æмбæрстам, раст кæй нæ у уыцы хъуыддаг, фæлæ уæддæр нæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кодтам, уымæн æмæ нæ Фыдыбæстæйы раз ард бахордтам æмæ уый фæсайын нæ бон нæ уыд. Кæнæ райсæм, Афганистаны зæххыл йе ‘фсæддон хæс чи ахицæн кодта, уыдоны. Адæм сын аргъ кодтой æмæ кæнынц, хæсты цæхæры кæй архайдтой, уый тыххæй, фæлæ Чернобылы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл чи архайдта, уыдоныл æргомæй худтысты, нымадтой сæ, фæлтæрæнтæ кæуыл æвæрынц, ахæм кроликтыл.

Афтæ уыд алкæддæр æмæ ныр дæр. Акъоппыты цы хæствæллад æфсæддонтæ бадынц, уыдон хорз æмбарынц æмæ уынынц, се ’хсæн чи хæцы, уый. Зын сын куыд нæ у уыцы хъуыды. Фæлæ мæнæ хæстонтæ нæ бæстæйы алы регионты цæрджытæй райстой æрвитæггæгтæ. Æмæ æмбарынц, цыфæнды куы уа, уæддæр сæ тох у Фыдыбæстæйы сæрыл, йæ цæрджыты цард бахъахъхъæныныл, æмæ уымæй сæйрагдæр ницы ис царды. Уыцы лæвæртты ’хсæн сын æппæты зынаргъдæр вæййынц сывæллæтты къухтæй конд нывтæ. Уыдон нæ хæстонтæн фæарфæ кæнынц, цæмæй æнæнизæй тагъддæр уæлахизимæ сæ хæдзæрттæм æрыздæхой. Сывæллоны хуымæтæг ныв салдаты зæрдæйы стыр ныфс бавæры æмæ йæ баууæндын кæны, йæ тох йæ адæмы сæраппонд кæй у, дзæгъæлы кæй нæу, ууыл.

Иуæрдыгæй – паддзахады æххуыс: æфсæддон дарæс, æхцайы фæрæзтæ æмæ афтæ дарддæр, иннæрдыгæй та – сывæллæтты нывтæ. Куыд сæ ис абарæн? Фæлæ, ахъуыды кæнгæйæ, бамбарæн ис, салдатæн уый цас моралон æххуыс у, уый. Ууыл архайынц Адæмон фронты уæнгтæ. Уыдон стыр кады аккаг сты, æмæ сæ архайдæн хуымæтæджы бавæрæн схонæн нæй.

Сыбыры егъау цæугæдæттæй иу – Обы донгуырæн райдайы, дыууæ цæу-
гæдоны кæм баиу сты, уырдыгæй. Алтайаг цæугæдæттæ Бия æмæ Катунь кæм баиу вæййынц, уым равзæры егъау цæугæдон. Уымæн сæ дыууæ дæр ахсджиаг сты. Афтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы дæр паддзахад æмæ нæ адæмы зæрдиаг æх-хуыс æфсæддонтæн иумæ хæссынц уæлахиз Уæрæсейæн!

 

Юрий ПЕТРОСОВ, æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here