Хистæркъласонтимæ ныхас

0
181

Æппæтуæрæсеон акци «Студентон десант» æххæст кæныны фæткмæ гæсгæ, бæстæйы Студентты боны агъоммæ Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады Ветеранты советы сæрдар, пъæлицæйы отставкæйы булкъон Бицъоты Олег æмæ Æхсæнадон советы уæнг, пъæлицæйы отставкæйы дæлбулкъон Александр Вязников фембæлдысты Алагиры 2-æм скъолайы хистæркъласонтимæ.

Дæргъвæтин рæстæг барадхъахъхъæнæг оргæнты бакусæг адæймæгтæ
скъоладзаутæн радзырдтой пъæлицæйы службæйы тыххæй мидисджын хабæрттæ. Уазджыты ныхасмæ гæсгæ, пъæлицæйы куысты фæрцы адæймагæн байгом вæййынц парахат гæнæнтæ. Пъæлицæйы кусæгæн ис ведомствон ахуырад райсыны фадат. Бæстæйы Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ахуыр кæнынмæ бацæуæн куыд ис, скъоладзаутæн уый тыххæй бæлвырд хабæрттæ радзырдтой. Скъолайы уазджыты ныхасмæ гæсгæ, пъæлицæйы кусджытæ кæмæй пайда кæнынц, амынд ахуыргæнæндæтты курсанттæн дæр ис ахæм бартæ æмæ льготæтæ.

Фидæны дæсныйад рагацау равзарыны хъуыддагæн стыр ахадындзинад кæй ис æмæ закъоны домæнтæ æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй сты, скъолайы уазджытæ уыдæттæ ахуырдзауты зæрдыл æрлæууын кодтой.

 

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here