Техник-программистæй кусы

0
161

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Рашат Садыков ныртæккæ кусы нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрады техник-программистæй.

2022 азы февралæй æндæразы кæронмæ Рашат уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы æххæсткæнынады тæлмы. 2024 азы декабры лæппулæг цæфæй бахауд рынчындонмæ æмæ йæ фæстæдæр æфсæддон службæйæ арвыстой.

Æфсæддон службæйы хæстæ вазыгджын уавæрты æххæст кæнгæйæ, Рашат йæхи равдыста æхсарджын, ныфсхаст адæймагæй.

– Сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмыуæвæг æфсæддон службæгæнджытæ бахъуаджы рæстæг кæрæдзийæн æнæзивæгæй баххуыс кæнынц. Иу ранæй иннæмæ æвæстиатæй-иу раивын куы бахъуыд, уæд-иу æфсæддонтæй алчи йæ службæйы хæстæ æнæлазæй æххæст кодта. Æнæкъуыхцы æмархайды фæрцы нын-иу фыдбылызæй нæхи æмæ не ’мбæлтты бахизын бантыст, – зæгъы Рашат.

Уæрæсейы Адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы академийы дæсныдзинад уæлдæргæнæг курсытæ кастфæуæвæг Рашат ныртæккæ йæ зонындзинæдтæй пайда кæны нæ республикæйы уæлдæрамынд ведомствæйы. Царды зын фæлварæнтæн бафæразæг зæрдæхæлар адæймаг æхсæнады фæрныгады сæраппонд æнтыстджынæй кæй фæллой кæны, Рашаты хъысмæт ууыл дзурæг у.

РЦИ-Аланийы
Ахуырад æмæ наукæйы
министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here