Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады коллеги хатдзæгтæ скодта ивгъуыд, 2025, азы куысты бæрæггæнæнтæй, фæбæрæг кодтой фыдгæнджытимæ тохы фидæны нысантæ. Коллегийы æмбырды архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Амыдта йæ мидхъуыддæгты министр Демьян Лаптев.
Коллегийы президиумы уыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды мидхъуыддæгты сæйраг управленийы разамонæг Сергей Бачурин, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады хи æдасдзинады управленийы хицауы фыццаг хæдивæг Игорь Жигарев, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, тыхы структурæты раза-
монджытæ.
Æхсæнадон фæтк, æхсæнадон æдасдзинад хъахъхъæныны, фыдгæнджытимæ тох кæныны тыххæй мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæн раарфæ кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтæмæй, фыдгæнджытæ цы закъонхалæн хъуыддæгтæ саразынц, уыдон мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæ раргом кæнынц 100 процентæй. «Цæмæй æхсæнадон æдасдзинад нывыл уавæры уа, уый тыххæй ма фæбæрæг кæнын хъæуы цалдæр мадзалы. Уыдон царды куы бантысой, уæд граждæнты интерестæ къахыргонд нæ цæудзысты. Уæлдай æргом аздахын хъæуы терроризм æмæ экстремизмы фæзындтытæм, коррупцион цаутæм, экономикæ криминалæй суæгъд кæнынмæ», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Сергей Меняйло йе ‘ргом аздæхта киберфыдракæндтæм, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ киберæрбабырстытæй бахъахъхъæнынмæ, телефонты руаджы конд терро-
ристон фæзындтытæм æмæ рæзгæ фæлтæры уыцы хъуыддæгтæй бахизынмæ.
«Зонæм æй, хæстон раззагдæр хайæ æддæдæр кæй цæуы æцæг информацион хæст. Знаджы тых, психологон æлхъывд æнкъарæм, уымæ гæсгæ хъуамæ знаггадхæссæг экстремистон æндæвдæн, неонацистон пропагандæ æмæ фейктæн раттæм тыхджын ныхкъуырд. Уыдон бауромдзысты знаггадхæссæг тыхты змæлд, регионы уавæр нæ фæцуддзæн, хицаудзинады оргæнтæ сæ куыст кæндзысты», – фæбæрæг
кодта республикæйы разамонæг.
Демьян Лаптев куыд радзырдта, афтæмæй хицаудзинады паддзахадон оргæнтимæ æмгуыстады, уыимæ регионы иннæ барадхъахъхъæнджытимæ ахадгæ архайды руаджы сæ бон бацис оперативон уавæрмæ цæст дарын, барады фæтк бахъахъхъæнын, уымæй уæлдай, 4 мин æхсæнадон хъуыддаджы бæрнонæй бацархайын. Фыдракæндты æмвæзад куыд ныллæг рауад, уымæ гæсгæ 2025 азы Цæгат Ирыстон бахауд Уæрæсейы раззагдæр дæс регионы хыгъдмæ. Регистрацигонд фыдракæндтæ фæкъаддæр сты 18,6 проценты онг. Тынгдæр уый зыны информацион къабазы конд фыдракæндтыл, исбонимæ баст æмæ наркотикты æнæзакъон зылдухыл.
Сæ удуæлдай, зæрдæбын службæйы тыххæй мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæджытæ æмæ Кады гæххæттытæй. Нæ республикæйы æдасдзинадæн фадæттæ аразыны тыххæй майдан «Ирыстоны Намысæн» лæвæрд æрцыд пъæлицæйы булкъон Хуыгаты Эдуардæн, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы сахæттæ лæвæрд æрцыдыс-
ты пъæлицæйы булкъон Иван Львовæн, юстицийы дæлбулкъон Годжысаты Зурабæн. Пъæлицæйы майор Санахъоты Таймураз райста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæг.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














