Ныхас паддзахадон программæтыл

0
177

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты Цæгат Кавказы федералон зылды Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Максим Владимиров цы æмбырд сарæзтой, уым  ныхас  цыдис Цæгат Ирыстоны  бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæг æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты  паддзахадон программæтæ æххæст кæныны мадзæлттыл. Æмбырды фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдоны фæдыл дзырдта Дзанайты Барис.

– Цæгат Ирыстоны сæрæнæй æххæстгонд цæуынц национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ. Ацы аз, сæ бындурыл социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм 150  объектæн  дихгонд æрцæудзæн 10 миллиард сомы æхца. Уыцы æххуысады мадзæлттæй  иу у Уæрæсейы Федерацийы программæ  «Развитие Северо-Кавказского округа». Ацы программæйы фæлгæты фæстаг цыппар азы мах сæххæст кодтам арæзтад æмæ бындурон цалцæджы  цалдæр объекты 5,5 миллиард сомæн. Нæ республикæйы  æппæт ацы фарстатæн ис стратегион ахадындзинад, уымæн æмæ комкоммæ баст сты адæмы цæрыны уавæрты хæрзхъæддзинадимæ. Æнæмæнг хъæугæ  сты дарддæр дæр паддзахадон программæты хæс-
тæ бæрзонддæр æмвæзадыл  æххæст кæнынæн.  Ахæм нысантæ сæвæрдта нæ размæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, – загъта Дзанайы-фырт.

Хæстæгдæр бонты Максим Владимировы аппараты кусджытæ сараздзысты цæстдарæн мадзæлттæ æмæ бацамондзысты бæлвырд хæстæ.

 

Саутæты Тамилæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here