Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан комкоммæ уагæй цæст дарын райдыдта сывæллæттæн глюкозæиртасæн ифтонггæрзты хæрзхъæддзинадмæ.
Æнæсцухæй глюкозæиртасæн ифтонггæрзты куыстæй хъæстыты фæс-
тæ министр сæкæрнизæй рынчын сывæллæтты ныййарджытимæ фембæлд. Ныййарджыты ныхасмæ гæсгæ, раст бæрæггæнæнтæ чи не ’вдисы, уыцы сывæллæтты буар уыцы ифтонггæрзты аххосæй хъыгдард баййафы.
Сывæллæтты æнæниздзинад нымад у фыццаградон хъуыддагыл, зæгъгæ, ахæм хабар фехъусын кæнгæйæ, ведомствæйы разамонæг республикæйы эндокринологон диспансерæн бахæс кодта æвæстиатæй мæнæ ахæм мадзæлттæ баххæст кæнын:
– ныййарджытæй æрбафтæг алы хъаст дæр «Росздравнадзор»-ы кусджытимæ иумæ хицæнæй равзарын;
– ифтонггæрзты хай федералон экспертон центрмæ раиртасынмæ барвитын.
Митцийы-фырты ныхасмæ гæсгæ, ифтонггæрзтæ стандартты аккаг кæд не сты, уæд министрад цыбыр рæстæгмæ сывæллæтты сифтонг кæндзæн æндæр кусæнгæрзтæй. Министр уавæрмæ комкоммæ уагæй цæст дары.
РЦИ-Аланийы
Æнæниздзинад
хъахъхъæнынады
министрады
пресс-службæ














