РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис министрадтæ æмæ æндæр республикон ведомствæты разамонджытæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд регионы дарддæры социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг программæтæ æмæ проекттæ æххæст кæныныл, хицаудзинады оргæнты архайды æндæр фыццаградон нысантыл.
Æмбырды райдайæны премьер-министр фæбæрæг кодта 2026 азы куысты вазыгджындæр пълантæ, се ’ххæст кæныны фæтк.
– Ацы азы нысанмæарæзт паддзахадон прог-раммæтæ æмæ национ проектты фæлгæты куыст цæудзæн 150 ахсджиаг социалон объекты арæзтад, цалцæг æмæ модернизацийыл. Уыдон сты æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, фæндаггон инфраструктурæйы, культурæ æмæ спорты къабæзты кусæндæттæ. Уыцы объектты арæзтад æмæ бындурон цалцæгæн нысангонд æрцыд 16 миллиард сомы бæрц, – бафиппайдта Хицауады Сæрдар.
Дзанайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, фыццаградон цæстдард сæхимæ домынц паддзахады æппæт социалон хæстæ æххæст кæныны фарстатæ дæр. «Уыдонимæ – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс, социалон æгъдауæй фæкæсынхъуаг адæмы хицæн къордтыл аудынад. Уыцы нысантæн афæдзы дæргъы дихгонд æрцæудзæн 6 миллиард сомæй фылдæр», – загъта премьер-министр.
Раныхасгæнæг æмбырды архайджыты æргом аздæхта республикæйы ахадгæдæр инновацион проекттæ æххæст кæнынмæ дæр. Уыцы проекттæн сæ зынгæдæртæ сахаддзысты агропромышленнон æмæ транспортон-логистикон комплексты, туризм æмæ иннæ къабæзты хъару-джындæр куыстыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæуы регионы инвестицион хъомыс бæрзонддæр, егъау компанитимæ æмархайд æнгомдæр кæныныл. Ахæм æмгуыстад фидардæр кæнынæн ахъаз сты Бетъырбухы дунеон экономикон форум, Кавказы инвестицион равдыст æмæ æндæр ахæм экономикон фæзуæттæ. Уыцы форумты республикæ æрвылаз дæр архайы, уæрæх равдисы йæ хъомыс, рæгъмæ рахæссы йæ цымыдисагдæр проекттæ… Афтæ уыдзæн ацы аз дæр.
Дзанайты Барис сæрмагондæй æрлæууыд, Уæрæсейы Президент, федералон Хицауад æмæ Федерацийы Совет Цæгат Ирыстоны дарддæры æнæкъуыхцы социалон-экономикон райрæзты сæраппонд цы уынаффæтæ рахастой, уыдон царды уадзыны хъуыддагыл дæр. «Уыцы уынаффæтæ æххæст кæныны фæтк æмæ сæ финансон гуырæнтæ бæлвырд сты, ныр сыл хъæуы бæстон куыст. Уымæй уæлдай, хицау-дзинады регионалон оргæнты разамонджытæй курæг дæн, цæмæй профилон федералон ведомствæтæ æмæ райрæзты иннæ структурæтимæ æнгомдæр æмархайд кæной – уый фæрцы нын фылдæр финансон фадæттæ уыдзæн регионы ахсджиагдæр проекттæ æххæст кæнынæн», – бацамыдта Дзанайы-фырт.
Хицауады Сæрдар министртæн бæлвырд амынд-дзинæдтæ ратта 2027 аз æмæ хæстæгдæр фидæны архайды пълантæм бахæссинаг объектты номхыгъд-тæ афойнадыл бацæттæ кæнын æмæ бæстон бакусын уыдоны арæзтад æмæ цалцæгæн хъæугæ проектон-сметон документаци-йыл.
КАЛМАНТЫ Аслан














