Ахуырады къабаз – ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ

0
104

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты цыппор æстæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Парламенты куысты архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, тæрхонадон æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты разамонджытæ, РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.

Депутаттæ фыццаг бакас-ты равзæрстой, республикæйы Сæргълæууæг кæй бацæттæ кодта, «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон граждайнаг службæйы тыххæй» уыцы закъоны проект. Æркæсынмæ йæ рахаста республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Ортабайты Виктор. Документ у федералон закъоны проекты халдих æмæ хъахъхъæны, мобилизацимæ гæсгæ кæнæ, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадимæ контракт бафысгæйæ, йæ хæстон хæс æххæст кæнынмæ чи ацыд, уыцы паддзахадон граждайнаг службæгæнджыты бартæ. Закъоны проекты куыд загъд ис, афтæмæй æфсæддон операцийы сæ хæстæ æххæст кæныны рæстæг сæ куысты бынат цæуы хъахъхъæд.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.

Черчесты Аслан ма æркæсынмæ рахаста «Респуб-ликæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл лæвар юридикон æххуыс кæныны тыххæй» закъоны проект. Уым загъд ис, лæвар юридикон æххуыс кæмæн æмбæлы, адæмы уыцы къордтæм ма хаст кæй цæуынц, астæуккаг сæрмагонд кæнæ уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыр кæнгæйæ, æнæ ныййарджытæй чи баззад, 18-23-аздзыд уыцы æрыгон адæймæгтæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Документмæ каст æрцыд фыццаг бакасты, афтæмæй закъоны проект фидаргонд æрцыд.

Фыццаг бакасты ма депутаттæ равзæрстой «Рес-публикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæсивæдон политикæйы тыххæй» закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Хъесаты Ирыстон. Ныхас цæуы 35-аздзыд æрыгæттыл. Уыдонæй, студент уæвгæйæ, бинонтæ чи скодта æмæ сывæллон кæмæн ис, уыдонæн социалон æххуыс кæй
уыдзæн, ууыл. Афтæмæй ма æрыгон бинонтæн паддзахадон æххуысы мадзæлттыл бафтдзæн. Закъоны проект фидаргонд æрцыд.

Æмбырды архайджытæ байхъуыстой, национ проект «Инфраструктурæ – цардæн» куыд æххæстгонд цæуы, уый фæдыл республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг – министр Хъараты Тимур куыд загъта, афтæмæй, адæмæн æнцонвадат уавæртæ фылдæр цæмæй кæной, уымæн а фæстаг растæг арæзт æрцыд бирæ хъуыддæгтæ. Рацарæзт æрцыд 40 æхсæнадон фæзуаты æмæ бирæуæладзыгон дыууæ хæдзарæн сæ кæртытæ. Куыстытыл хардзгонд æрцыд 58 милуан сомы, уыдонæй 28 милуан сомы сты республикон бюджетæй. Ацы куыст 2026-2027 азты адарддæр уыдзæн. Зæгъæм, дзыхъхъынног хæрзвадат фæлладуадзæн бынæттæ фæзындзæн Беслæн æмæ Мæздæджы. Федералон проект «Цæрæнуæттæ»-йы фæрцы ныр цалдæр азы республикæйы æххæстгонд цæуы адæмы сæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæн бынæттæм раивыны куыст, æмæ дзы нырма æнæлыггонд фарстатæ кæд ис, уæддæр хъуыддаг размæ цæуы. Дарддæр цæуы коммуналон инфраструктурæйы бындурон рацарæзт. Уыцы хъуыддагæн федералон бюджетæй ацы аз лæвæрд æцæудзæн 333 милуан сомы, республикон бюджетæй та – 172 милуан сомы.

Министры раныхасы фæдыл Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ, депутаттæ Цæллагты Жаннæ, Хæдарцаты Аслæнбег, Дыдарты Сослан, Цæгæраты Руслан æмæ Бæззаты Аланмæ цы фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд, уыдон баст уыдысты доны тарифты рæзтимæ, æмæ, уыцы хъуыддагимæ адæм разы кæй не сты, уыимæ, дон нымайæн прибортæ æвæрыны æгъдауимæ, се ‘нæниз-
дзинадмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты æмæ къахæй цæуын йæ бон кæнæм нæу, уыцы адæмæн сæ цæрæнуæттæ, æнцондæр бахизæн сын кæм уа, ахæм цæрæнуæттæм раивын æмæ æндæр хъуыддæгтимæ.

Хъарайы-фырт, дзуæппытæ дæтгæйæ, загъта, нымайæн приборты фæрцы донæн фидыны хæрдзтæ къаддæр кæй уайынц. Фæлæ уыцы нымайæн фæрæз æвæргæ у фæлхасгæнæгæн йæхи хардзæй. Афтæ амоны 2025 азы ноябры хаст федералон закъон.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Остъаты Георги æмæ йæ раныхасы йе ‘ргом аздæхта хъусынгæнинаджы фæдыл комитеты амынддзинæдтæм æмæ, сæ æххæст кæныны хъуыддаг финансон æгъдауæй къуылымпытæ цæмæй ма æвзара, уыцы фарстатæм.

«Парламентон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ахуырады тыххæй» 2013 азы 27 декабры Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы 61-æм закъон царды рауадзыны тыххæй» респуб-ликæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы докладмæ. Ахуырады сæйраг бындуртыл æрныхас кæнгæйæ, уый загъта, Цæгат Ирыстоны ахуырады къабазы кæй ис 475 юридикон кусæндоны. Зæрдиаг архайд дзы кæнынц 12 мин ахуыргæнæджы æмæ 20 минæй фылдæр æндæр специалисты. «Æрвылаз дæр ахуырады къабазæн дихгонд æрцæуы бюджеты 34 проценты. Уый фæрцы нæм фæзынд, 4,5 мин бынаты кæм ис,
ахуырады 129 ахæм ног объекты. Цыппар ног скъолайы ма арæзт цæуы ныртæккæ, 24 скъолайы та ацы аз æрцæудзысты цалцæггонд. Ахуырады къабазы стыр ивддзинæдтæ кæй цæуы, ууыл дзурæг у, фæстаг цалдæр азмæ йыл федералон бюджет кæй бахардз кодта 11 миллиард сомæй фылдæр», – загъта Алыбегты Эллæ.

Дарддæр министр ныхас кодта ирон æвзаг рæвдауæндæттæ æмæ скъолаты ахуыр кæныны æмæ сын ахуырадон чингуытæ цæттæ кæныны фарстайыл, ахуырады хæрзхъæддзинадыл, ивгъуыд азы  Иумæйаг паддзахадон фæлварæнты бæрæггæнæнтыл, уæлæмхасæн ахуырадон программæтæн сæ хæрзхъæддзинадыл æмæ, ахуырдзауты 90 процентыл кæй æххæссынц, ууыл, скъолаты профориентацион куыст куыд арæзт у, се ‘нæниз-дзинады уавæрмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыцы сывæллæттæн ахуырадон гæнæнтæ аразын æмæ сын ахуыргæнджытæ цæттæ кæныны хъуыддагыл, стæй бирæ æндæр фарстатыл.

Министры раныхасы фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурмæ, депутаттæ Хæдарцаты Аслæнбег, Дыдарты Сослан, Остъаты Георги, Цæгæраты Руслан æмæ Фуат Кязымовмæ. Ныхас цыд районты скъолатæн æххуысы мадзæлттыл, предмет «Ирыстоны истори» астæуккаг ахуыргæнæндæтты амонын райдайыныл, рæвдауæндæтты полилингвалон ахуырад ноджы тынгдæр рапарахат кæнын æмæ æндæр фарстатыл.

Хъусынгæнинаджы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты наукæйы, ахуырады, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева.

Депутаттæ ма сфидар кодтой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст закъонтæ æмæ закъонты проекттæ.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here