Знон Дзæуджыхъæуы йæ куыст кодта Цæгат Ирыстоны Журналистты цæдисы радон дзуапдæттæн-æвзарæн съезд.
Æмбырды кадджын уазджытæ уыдысты РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ, Уæрæсейы Журналистты цæдисы сæрдар Владимир Соловьев æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.
Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ байхъуыстой æмæ аргъ скодтой æхсæнадон иугонды сæрдар Хъуысаты Тимуры дзуаппон докладæн. Уый фæстæ съезды архайджытæ иуæй-иу ивддзинæдтæ бахастой Журналистты цæдисы уставмæ.
Дарддæр æмбырды архайджытæ сæ хъуыдытæ загътой, хæстæгдæр 5 азы дæргъы цæдисы сæрдары бынатмæ кандидатурæйы фæдыл. Фарстайыл æр-дзурыны фæстæ цæдисы уæнгтæ æмхъæлæсæй сæрдары бынатмæ ногæй равзæрстой Хъуысаты Тимуры. Уый фæстæ æвзæрст æрцыдысты сæрдары хæдивæг, правлени æмæ контролон-ревизион къамисы уæнгтæ.
Владимир Соловьев йæ раныхасы арфæ ракодта съезды архайджытæн, стæй æрлæууыд, Журналистты цæдисы размæ цы ахсджиаг нысантæ æмæ хæстæ лæууы, уыдоныл. Бæрзонд профессион дæсныдзинад æмæ æрвылбоны царды фарстатæм къæрцхъус уæвыны тыххæй Владимир Соловьев æхсæнадон иугонды дипломтæй схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты редакцитæ, уыдонимæ – адæмон газет «Рæстдзинад» дæр. Редакцитæй уæлдай, дипломтæ саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны журналистикæйы ветеранты къордæн дæр.
Съезды кæронбæттæны Журналистты цæдисы ног уæнгтæ райстой æвдисæндартæ.
Калманты Аслан














