Амалхъомадон хъæппæристæн – паддзахадон æххуыс

0
72

Цæгат Ирыстоны делегаци республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæйы разамындæй горæт Пятигорскы архайдта, корпораци «ВЭБ.РФ» æмæ райрæзты иннæ федералон структурæтæ цы экономикон-амалхъомадон сесси сарæзтой, уым.

Регионы делегацийы уыдысты Фæллой æмæ социалон рæзты, Промышленность æмæ инвестициты, Экономикон рæзты æмæ Физикон культурæ æмæ спорты министрадты, Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрнон кусджытæ, фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон хайады минæвæрттæ æмæ республикон программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы архайджытæ.

Дыууæ боны дæргъы цы фембæлд цыд, уый архайджытæ бæстон æрдзырдтой Цæгат Кавказы федералон зылды экономикон хъомыс фидардæр кæныны, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты амалхъомадон хъæппæристæн паддзахадон æххуыс дæттыны фарстатыл. Æппæт уыцы хъуыддæгтыл сæ хъуыдытæ загътой æмæ фæндæттæ бахастой хицаудзинады федералон æмæ регионалон оргæнты минæвæрттæ, райрæзты ахсджиагдæр структурæты специалисттæ, иннæ эксперттæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ. Уыимæ, форумы архайджытæн уыд кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ базонгæ уæвыны, стæй комкоммæ бæлвырд проекттыл æрдзурыны фадат дæр.

– Пятигорскы нæ делегацийы уæнгтæн цы фембæлдтытæ уыд, уыдон цымыдисаг æмæ пайдайаг рауадысты. Амалхъомады райрæзт æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы раздæры архайджыты бизнесы къабазы архайынмæ разæнгард кæныны фарста ныртæккæ боны фæткы ис, стыр æргом æм здæхт цæуы куыд федералон Хицауад, афтæ регионалон оргæнты ‘рдыгæй дæр. Æппæт уыцы фарстаты фæдыл федералон экспертты бирæ хъуыдытæ æмæ фæндæттæ фæбæрæг кодтам нæхицæн, – æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, бафиппайдта Платы Альбинæ.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here