Дзæуджыхъæуæй – Симферополмæ…

0
19

Ауалдзæг Цæгат Ирыстон æмæ Хъырымы ‘хсæн ногæй байгом уыдзæн æфсæнвæндаджы бастдзинад. Уый тыххæй фехъусын кодта акционерон æхсæнад «Уæрæсейы æфсæнвæндæгтæ»-й   ы пресс-службæ.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй фыццаг поезд Симферополæй рабалц кæн-
дзæн 28 апрелы изæрæй, дыккаг бон (19 сахатмæ ‘ввахс) хъуамæ сæмбæла
Дзæуджыхъæумæ. Цæгат Ирыстонæй фæстæмæ Хъырыммæ поезд абалц кæн-
дзæн 30 апрелы 7 сахат æмæ 30 минутыл, Симферополы хъуамæ уа дыккаг бон 8 сахат æмæ 50 минутыл.

Дзæуджыхъæу æмæ Симферополы ‘хсæн поездæн йæ фæндаг уыдзæн Беслæныл, Минеральные Водыйыл, Краснодар æмæ иннæ станцæтыл.

 

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here