Национ æнгомдзинад æмæ удварны хæзнатæ бахъахъхъæнынæн

0
29

Райсом Мæскуыйы йæ куыст кæндзæн, Уæрæсейы æппæт регионты минæвæрттæ кæм архайдзысты, ахæм уæрæх форум «Иу бинонтау – æнгом». Уыцы æмбырдæй кадджын уавæрты байгом уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы адæмты иудзинады аз.

Ахæм дзыллон-рухстауæн форум арæзт цæуы æхсæнадон иугонд «Зонад»-ы хъæппæрисæй, йæ сæйрагдæр нысантæ сты иу хатт ма рæгъмæ рахæссын Уæрæсейы цæрæг адæмыхæттыты культурæ æмæ удварны хæзнаты тыххæй æрмæджытæ æмæ зонындзинæдтæ, радон хатт равдисын, нæ бæстæйы граждæнтæ национ фидыд æмæ хæлардзинадыл æнувыд кæй сты, уый.

Æмбырд саразыны хъуыддагмæ се ‘вæрæн бахастой УФ-йы Наукæ æмæ уæлдæр ахуырады министрад, Нацитæ æмæ Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентадтæ, Уæрæсейы Президенты цур национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл совет æмæ иннæ структурæтæ.

Национ центр «Уæрæсе»-мæ æрбамбырд уыдзысты 89 фыдыбæстæйаг регионы 4 мин минæвары. Уыдоны нымæцы: бæстæйы æппæты бирæнациондæр хай – Цæгат Кавказы федералон зылды делегаци дæр. Уыцы фембæлдмæ Цæгат Ирыстонæй абалц кодтой 10 адæймаджы. Ирон æмæ республикæйы иннæ адæмты минæвæрттæ форумы архайджыты раз æрлæудзысты сæ национ уæлæдарæсы, цæттæ уыдзысты Цæгат Ирыстоны цæрджыты хъæздыг культурæ æмæ адæмон æгъдæут-
ты тыххæй радзурынмæ (кæцыдæр традициты фæтк æвдисгæ дæр ракæндзысты).

«Уæрæсейы цæрæг адæмты æнгомдзинадæн фидар бындуртæ ис – нæ иумæйаг хъæздыг истори æмæ хъомысджын æнтыстытæ, фæрныгдæр фидæнмæ нæ тырнындзинад æмæ удварнон хæзнатæ. Уыцы æууæлтæ кæрæдзийыл фидар бæттынц алы фæлтæртæ æмæ адæмты минæвæртты, дæттынц нын хъомыс дарддæры æнæкъуыхцы размæцыдæн», – форумы агъоммæ фæбæрæг кодта æхсæнад «Зонад»-ы генералон директор Максим Древаль.

Дзыллон марафон байгом кæныны кадджын æмбырды архайдзысты УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Татьянæ Голикова, хицаудзинады федералон æмæ регионалон оргæнты разамонджытæ, æхсæнадон иугæндтæ æмæ æндæр организациты минæвæрттæ.

Цæттæгæнæг комитеты куыд радзырдтой, афтæмæй форумы кадджын уазджытæ уыдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, æхсæнадон архайджы-
тæ, культурæ æмæ аивады минæвæрттæ…

КАЛМАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here