Уæрæсейы бархионты змæлд

0
20

«Уæрæсейы волонтерты дзыллон змæлды чи архайы, уыцы адæмы нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны. Ахсджиаг социалон проекттæ царды рауадзыныл зæрдиагæй чи кусы, уыцы бархионтæ абон 20 милуанæй фæфылдæр сты. Уыдон сæ сæрибар рæстæджы зынгæ хай барвæндонæй снывонд кодтой сæ алыварс цæрæг адæмæн æххуысæн – уымæй аккаг бавæрæн хæссынц æхсæнады дарддæры нывылад æмæ райрæзтмæ».

Ахæм экспертон хъуыдыимæ раныхас кодта УФ-йы Президенты цур Адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы уæрæсейаг академийы цæгаткавказаг хайады истори, барад æмæ гуманитарон дисциплинæты кафедрæйы профессор, историон наукæты доктор Хуыбылты Светланæ.

Ахуыргонды ныхасмæ гæсгæ, бархионты змæлды архайджытæ æххæст кæнынц бирæ пайдайаг хъæппæристæ социалон хъахъхъæнынады, ахуырады, медицинæ æмæ экологийы къабæзты. Уыцы арфæйаг куыст чи кæны, уыдонæн сæ фылдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, сты æрыгон фæлтæры минæвæрттæ.

Æхсызгон у, Хуссар Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы фæсивæд дæр бархионты архайдмæ æмхиц кæй сты, уый. Зæгъæм, фæстаг цалдæр азы дæргъы Цæгат Кавказы федералон зылды уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ бакуыстой сæдæйæ фылдæр алыхуызон социалон проектыл:
æххуыс кæнынц сидзæр сывæллæттæ æмæ, йе ’нæниздзинад цауд кæмæн у, уыцы адæмæн, аудынц хистæр фæлтæры минæвæрттыл, кусынц цæрæн бынæтты фæлгонцад æмæ алфамбылай æрдз бахъахъхъæныныл…

Ивгъуыд азы сæйрагдæр æхсæнадон-политикон цаутæй иу, æнæмæнг, уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бæрæгбон. Уыцы намысджын юбилейы ахадындзинадæн аргъ кæнгæйæ, æрыгон бархионтæ зæрдиагæй архайдтой хæсты хъæбатырты æфсымæрон ингæнтæм, цыртдзæвæнтæ æмæ номарæн сквертæм, комплекстæм базилыны куыстыты (ахæм архайды сæхи фæзминагæй равдыстой Цæгат Ирыстоны фæсивæд дæр). Æрмæст фарон волонтерты архайды фæрцы федералон зылды регионты нывылгонд æрцыдысты 50 мемориалон комплексæй фылдæр.

«Æхсæнады царды иумæйаг хъуыддæгтæ ахсджиагыл нымайгæйæ, абоны æрыгон фæлтæр цæттæ у йæхимæ бæрнондзинад исынмæ, ахадгæ социалон проекттыл бакусынмæ. Æнæмæнг, вазыгджын æмæ æхсызгон у, фæкæсынхъуаг адæмæн рæдау
æххуысмæ, алфамбылай царды хуыздæрæрдæм ивддзинæдтæн ахъаз кæнынмæ чи тырны, уыцы æрыгон бархионты нымæц кæй рæзы, уый», – кæронбæттæны бафиппайдта Хуыбылты Светланæ.

КАЛМАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here