Ирыстоны культурæйы минæвар Уæрæсейы

0
396

Æлборты æфсымæртæ кæй сарæзтой, хæцæнгарзы уыцы æрмадзы уагъд гæрзтæ фенынмæ адæмон промыслæты равдысты залмæ æрбацыд РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Парламенты Сæрдар аныхас кодта хæцæнгæрзтæ аразæг, дæсны Æлборты Асланимæ, федта экспозици, республикæйы æрмгуыстады æмвæзад бæрзонд æвæрд кæй у, уый фæбæрæг кодта. Æлборы-фырт райгуырд Дзæуджыхъæуы. Каст фæцис 17-æм профессион техникум. Йæ равзæрст дæсныйад кæд хæринаггæнæг уыд, уæддæр æй хъысмæт сбаста аивад æмæ хæцæнгарз уадзыны хъуыддагимæ.

Йе ‘фсымæр Виталийы разамындæй, уый æххуысæй згъæр бакусыны лыс-
тæг æппæт фæзилæнтæ базыдта, фæстæдæр æм фæзынд хи бавнæлд, хи æрмдзæф. «Арион»-ы æрмадз кусы ныр 30 азæй фылдæр, уæдæй къухæй сарæзтой мингай гæрзы – цирхъытæ, фаттæ, згъæрхæдæттæ, кæрдтæ. Æфсымæртæ тырнынц, скифтæ-сæрмæтты заман цы хæцæнгарз уыд, уый сног кæнынмæ, историон æцæгдзинад равдисынмæ, архивон документтæ, къамтæ иртасынц, пайда кæнынц «сырды сурæтæй». Ис сæм цæргæсты, фыранкы, сагты хуызы куыстытæ, пайда кæнынц æрдзон æрмæгæй: бынæттон хæххон тæгæрæй, кæрзæй, цæрæгойты стджытæй, сы-
къатæй, цармæй, суанг мамонты цæвæныссыртæй.

Æлборты Асланы курдиат, йе сфæлдыстад апарахат Уæрæсейыл. Ссис бæстæйы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, цалдæр равдысты лауреат, йæ куыстытæ йын равæрынц нæ бæстæ æмæ фæсарæнты дæр. Æрмадзæн æмгуыстад рапарахат ахуырадон куыстуæттимæ, мастер-класстæ скæнынц ахуырдзаутæ æмæ студенттæн. «Арион»-ы бындурыл куыстадон практикæ кæнынц Цæгат Кавказы хæххон-металлургон инс-
титуты студенттæ. Тускъаты Таймураз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм æрмгуыстады скъола тынг ахсджиаг у культурон хуыз бахъахъхъæнынæн, декоративон-прикладной æмæ æрмгуыстады кондад сног кæнынæн.

Парламенты Сæрдары уырны, «Арион»-ы сфæлдыстад фæлтæрты ‘хсæн у удæгас бастдзинад, æрмгуыстады фæрцы истори, эстетикæ, нæ адæмы удварны хæзнатæ нæ сæфынц. Æлборты æфсымæрты бавæрæнæн аргъ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ирон адæмы культурон бынтæ бахъахъхъæнынимæ баст у сæ фæллой.

«Æлборты Аслан кæстæртæн у бафæзминаг, цы – йæ дæсныйадæй, цы – йæ граждайнаг фæндагæй. Тыхстдзинæдты сæрты хизгæйæ, бæрнондзинады, уды хъаруйы фæрцы йæ размæ æвæрдта вазыгджын хæстæ, афтæмæй дзы рауад, æнæхъæн æхсæнадæн дæр пайда чи рахаста, ахæм хъуыддаг. Ныхас, фыццаджыдæр, цæуы культурæйы æвæджиау бындуртæ бахъахъхъæныныл, фæлтæрты ‘хсæн
бастдзинадыл. Хæцæнгæрзтæ аразæг ацы ран йæхи æнтыстытæ сæйрагдæрыл нæ нымайы, йæ къухвæллойæ æвдисы нæ адæмы истори æмæ традицитæ, Æлборты Ас-
лан та ссис Ирыстоны культурæйы минæвар Уæрæсейы», – загъта Тускъайы-фырт.

Ацы фембæлды архайдта Асланы фырт Ацæмæз дæр, уый каст фæцис Краснодары культурæйы паддзахадон институт. Алы хуызы нывкæнынады аивад ратауыс кæныныл архайгæйæ, Ацæмæз сæ бинонты традицитæ дарддæр хæссы. Кæстæр Æлборы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй кæддæриддæр йæ фыды фæзмыдта, уый уыд йе сфæлдыстады цæхæр. «Амыдта мын, куыдæй бантысы аивады мидæг рæзт, уый мæнæн ссис сæйраг рахæцæн», – загъта Æлборты Ацæмæз.

Парламенты Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Æлборты бинонты ‘хсæн цы фидар бастдзинад ис, уый хъуамæ иннæтæн суа дæнцæгау. «Ахæм æрмæдзтæ туристты сæхимæ ‘лвасынц. Нæ республикæйы уазджытæн сæ бон у базонгæ уæвын Ирыстоны рагон историимæ. Æрмадзы æрмæст къухæй конд гæрзтæ ис, уыдон заводы уагъдимæ нæ абардзынæ. Хъуамæ сæ æвæджиаудзинад хъахъхъæд æрцæуа. Цæмæй нæ уазджытæм хæццæ кæной, ууыл дæр ахъуыды кæнын хъæуы»,  – загъта Парламенты Сæрдар.

Ныхас ма бацахста адæмон промыслæтæн æххуысы мадзæлттæ ахуырадон куыстуæттимæ, культурон фæзтимæ бастдзинæдтæ. «Арион» хъуамæ уа æрмгуыстады архайджыты ног фæлтæрты удкурдиаты
гуырæн.

 

РЦИ-Аланийы
Парламенты
пресс-службæ  

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here