Федералон Хицауады амынддзинæдты бындурыл…

0
27

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО æмæ Уæрæсейы Хицауады Сæрдары æххуысгæнæг Муслим ХУЧИЕВЫ разамындæй Цæгат Ирыстоны Хицауады хæдзары цы уæрæх æмбырд уыд, уым ныхас рауад, регионы дарддæры социалон-экономикон райрæзты сæраппонд УФ-йы Президент æмæ федералон Хицауады амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы бонты УФ-йы Хицауады аппараты бæрнон кусджыты къорд уыд Цæгат Ирыстоны. Регионы уазджытæ бабæрæг кодтой цалдæр ахсджиаг социалон объекты, фембæлдтытæ сын уыд профилон министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттимæ. Федералон чиновникты кусæг балцæн хатдзæгтæ та скодтой иумæйаг уæрæх æмбырды.

Ныхасы архайæг уыдысты УФ-йы Экономикон рæзты министрады Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты фарстаты фæдыл департаменты разамонæг Камиль Бексултанов, федералон министрадтæ æмæ æндæр структурæты бæрнон кусджытæ, цæгатирыстойнаг Хицауады уæнгтæ.

Æмбырды райдайæны Сергей Меняйло хицаудзинады федералон оргæнты минæвæрттæн арфæ ракодта, Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон рæзты фарстатæм къæрцхъус кæй сты, уый тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, регионы дарддæры райрæзты пълантæ комкоммæ ахадынц адæмы æрвылбоны царды фæрныгадыл.

– Нысанмæарæзт федералон программæтæ æмæ фыццаградон национ проектты уагæвæрдтыл бæстон куыст кæй цæуы, уый фæрцы Цæгат Ирыстон ахадгæ хуызы лыг кæны социалон-экономикон размæцыды фарстатæ. Уыцы хъуыддаджы федералон Хицауады аудынад иудадзыгдæр æнкъарæм, – бафиппайдта регионы Сæргълæууæг. – Цы ахсджиаг социалон-экономикон нысаниуæджы проекттыл кусæм, уыдонæн сæ зынгæ хай баст у Беслæнимæ. Уыцы цæрæн бынаты арæзт æмæ цалцæггонд цæуынц вазыгджын социалон объекттæ, архайд цæуы горæты генералон пъланыл. Федералон Хицауады уынаффæты бындурыл цалдæр азы размæ цы социалон-экономикон мадзæлтты пълан сфидар, уымæн йæ уагæвæрдтæй абоны онг æххæстгонд æрцыдысты 52 (æдæппæт дзы ис 57
пункты). Иннæтыл дарддæр ахадгæ куыст цæуы.

Муслим Хучиев йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Президент Владимир Путин æмæ Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин бæлвырд нысантæ сæвæрдтой федералон профилон ведомствæтæ æмæ регионалон разамынды размæ – уыдон ахъаз сты регионы экономикон хъомыс фидардæр, йæ адæмы царды уавæртæ фæрныгдæр кæнынимæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, æппæт нысантыл дæр бæстон куыст цæуы. «Æмæ ахсджиаг у, цæмæй уыцы фæтк ма фæкъуыхцы уа, цæмæй æппæт программæтæ дæр афойнадыл æххæстгонд æрцæуой», –загъта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары æххуысгæнæг.

Æмбырды архайджытæ бæстон æргом аздæхтой, хæстæгдæр азты республикæ цы ахадгæ социалон объектты арæзтад æмæ рацарæзтмæ бавналынвæнд кæны, уымæ дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here