Горæты зæрдæзæгъгæ фæлгонцадæн…

0
32

Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты ахадгæ куыст цæуы фæлладуадзæн æмæ æндæр ахæм æхсæнадон бынæтты фæлгонцадыл. Уыцы тæлмыты аивдзинад, кæй зæгъын æй хъæуы, комкоммæ ахады дзæуджыхъæуккæгты æрвылбоны цардыл, нæ горæты бирæ уазджыты зæрдæйы равгыл…

Æппæт уыдæттæ ахсджиагыл нымайгæйæ, горæты администраци æмæ подрядон организацитæ архайынц парктæ, сквертæ æмæ иннæ ахæм бынæтты нывыладыл. Зæгъæм, æрмæст ивгъуыд азы цалцæггонд æрцыдысты 18 фæлладуадзæн æмæ æхсæнадон тæлмы. Уыдоны нымæцы: Терчы былгæрæттæ инæлар Плиты Иссæйы цыртдзæвæны алыварс æмæ Хъесайы-фырты уынджы фæлладуадзæн тæлмы уæлбыл фæзуæттæ, Къостайы проспекты аллей Мæскуыйаг сосæмæ ‘ввахс, 1-æм поликлиникæйы цур сквер æмæ æндæртæ.

Æппæт фæзуæттæ дæр бавзæрстой бындурон рацарæзт – къахвæндæгтæ аив къæйдур æмæ ног асфальтæй раивтой, æрæвæрдтой дзы бандæттæ æмæ бырæттæ æмбырдгæнæн къоппытæ, æрсагътой уынджы цырæгъты нырыккон телыхъæдтæ, базылдысты газонтæм… Кæм хъуыд, уыцы бынæттæй алкæцыйы дæр фæзынд пандустæ – ныр сахъат адæм æмæ мадæлтæн сæ сывæллæтты коляскæтимæ æнцонвадат æрхизæнтæ ис цæугæдоны былгæрæттæм.

Уыцы куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы уагæвæрды бындурыл.

Уыимæ, ахæм куыстытæ æххæст кæнынц Фæлгонцад æмæ цъæхвæлысты муниципалон программæйы фæрцы дæр. Зæгъæм, ацы азы дæргъы рацарæзты пълантæм бахастой Терчы бæлгæрон (инæлар Плийы-фырты уынгæй Чапаевы уынджы онг), Хъесайы-фырты уынджы аллей (Зоя Космодемьянскаяйы уынгæй Октябры 50 азы фæзы онг), «Мæскуыйаг» микрорайоны Джыккайты Шамилы уынджы аллей æмæ æндæр æхсæнадон бынæттæ.

Уымæй уæлдай, бынæттон администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй горæты фæлладуадзæн тæлмыты иу хай сцалцæг кæныны куыст та ис Цæгат Ирыстоны Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады бæрны. Ведомствæ æмæ подрядон организациты минæвæрттæ рагагъоммæ сбæлвырд кодтой нысангонд куыстыты фæтк.

Дмитрий АСТАХОВ  

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here