УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдары хæдивæг Иннæ Святенко дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд амынд Советы Размæцыд индустритæ æмæ адæмон аивадон промыслæты райрæзты къамисы æмбырд.
Цæгат Ирыстонæй сенатор Виталий Назаренко кæм архайдта, уыцы æмбырдмæ æрбацæуæг адæм æрныхас кодтой ивгъуыд азы къамисы куысты бæрæггæнæнтыл æмæ ацы азы пълантыл. Нормативон цæстдард нымад у къамисы куысты сæйраг къабæзтæй иуыл.
– Регионалон закъонæвæрынадон фæндæттæ «Размæцыд индустриты тыххæй» федералон закъонмæ парахатæй бахæссынц. Фарон бæстæйы фæндзай æртæ субъекты (уыдоны ‘хсæн – Цæгат Ирыстон дæр) сфидар кодтой æмбæлгæ закъонтæ. Нæ республикæ сфæлдыс-тадон къабæзты рæзтмæ стыр æргом здахы. Ацы аз Федерацийы Советы Размæцыд индустриты райрæзты къамисы зæрды ис Цæгат Ирыстоны æмбырд саразын æмæ афтæмæй бынæттон проекттимæ базонгæ уæвын, – загъта Виталий Назаренко.
Уымæй уæлдай, къамис бæстæйы Экономикон рæзты министрадимæ бакуыс-та 2036 азы æмгъуыдмæ Размæцыд экономикæйы рæзты фарстатыл.
Къамисы уæнгтæ Уæрæсейы Хицауады минæвæрттимæ лыг кæнынц адæмон аивадон промыслæты къабазы национ преми расидыны фарста.
– Уæрæсейы Адæмты иудзинады аз ахæм фæндæттæ ахъаз кæнынц бæстæйы мидисджын культурон бынтæ бахъахъхъæнынæн æмæ сæ дзыллæты рæгъмæ рахæссынæн, – загъта Виталий Назаренко.
Æлборты Зæлинæ














